Цæстæн аив, хæрынæн – адджын. Дæсны кондитер Виктория Соломатинайы къухтæй конд лæвæрттæ схонæн ис аивадон сфæлдыстад. Йæ адджинæгтæ аразгæйæ кондитер пайда кæны алыхуызон хойрæгтæй.
Ацы адджын гуылтæ пецæй нырма ныртæккæ райстой. Хæрздæф æмæ фæлмæн. Ацы куысты æнæуарзондзинадæй æнтыстджын уæвæн нæй. 10 азы размæ заууат бæстыхайæ Виктория Соломатина рауайын кодта «адджын» куыстуат. Виктория ацы къабазы фыццаг къахдзæфтæ кæнын райдыдта йæ ныййарæджы амынддзинæдтæ хынцгæйæ, уæвгæ йæ фыццаг зондамонæг дæр йæ мад уыд.
Æппæты хуыздæр куыстыл нымад у ирхæфсæн мадзалæй чи сырæзт, уыимæ ма æхцайы фæрæзтæ фылдæр кæм фидынц, ахæм. Ацы хъуыды кæддæр загъта Генри Форд, уый та уыд, амахъомады историйы йæ ном сыгъзæрин дамгътæй фыст кæмæн æрцыд, ахæм амалхъом. Уæвгæ ацы хъуыды Викторияйы куыст ирдæй æвдисы. Сахуыр кодта физикæйы ахуыргæнæгыл, фæлæ йæ цард æндæр фæндагыл ракодта. Ссис нæ республикæйы зындгонд кондитертæй иу. Уæвгæ, ацы хъуыддаджы йын канд æрдзон курдиат нæ фæахъаз. Виктория у куыстуарзаг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй равзæрст дæсныйадæй хи аиуварс кæнын ын æнцон нæ уыд, фæлæ йæ фарсмæ æрбалæууыдысты йæ бинонтæ.
Йæ фыццаг къахдзæфтæ Виктория кæнын райдыдта хæдзары. Йæ фыццаг æлхæнджытæ йыл ныры онг сæ зæрдæ нæма сивтой. Сæ фылдæримæ систы хæлæрттæ.
Чи дзы фæбузныг, уыцы адæм та йæм ногæй æрбацæуынц. Сæ алы бæрæгбоны стъол дæр схъæздыг кæнынц Викторияйы къухвæллойæ. Æндæр искæмæн бабар кæнын ацы ахсджиаг хъуыддаг ахæм хъуыды дæр сæм нæ сæвзæры.
Æппæт кусæнгæрзтæ дæр балхæдта йæхи хардзæй. Райста кредит æмæ йæ æртæ азмæ бафыста. Виктория йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дукани уайтагъд æнтысджынæй райдыдта йæ куыст. Уый та чызджы ног хъуыдытыл æфтыдта, кодта йæ ныфсджын. Ацы хъуыддаджы асджиаг рæстæджы домæнтимæ æмдзу кæнын, уыимæ дзы уыцы уайтагъд куысты спайда кæнын. Афтæмæй йæм фæзынд хъуыды 3D тъорттытæ кæнын.Цыбыр рæстæгмæ систы адæмæн уарзон.
Уымæй уæлдай-ма дуканийы кæнынц æмбал кæмæн нæй, ахæм адджын гуыл дзидзаимæ. Дуканимæ-иу арæх æрбацыдысты, адджинаг чи нæ уарзы, ахæмтæ. Хиууæттæн-иу балхæдтой тъорт, фæлæ иу хъазӕн хуызы афарстой, дзидзаимæ уæм тъорт нæй, зæгъгæ. Уæд Викторияйы бафæндыд, уыдоны цинæн ахæм кондадыл дæр бацархайын.
Виктория æппынæдзух ацæуы дæсныйад уæлдæргæнæн ахуртæ дæр. Куыд зæгъы,афтæмæй уый æнæмæнг хъуыддаг у. Йæхæдæг дæр саразы дæсныйадæвдисæн ахуыртæ, радзуры ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ.
Чызгæн ацы алæмæты дуне канд куыст нæу, у йæ уарзондæр хиирхæфсæн мадзал. Йæхи дзы ссардта. Уæдæ йæ адæм кæй фæбузныг вæййынц, уымæн дæр уæлдай аргъ кæны. Æмæ кæд æппынæдзухдæр алцыдæр зæрдæйы фæндиаг нæ вæййы, уæддæр ын йæ куыст æмæ адæм хæссынц удæнцой.
















