preloader
сейчас в эфире
00:06
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
Смотрите Далее
06:00
МУЗЫКÆ 12+
06:25
Нæхи Геор 12+
00:20
Защитники 12+
00:45
Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ 12+
02:30
Ориентиры 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ ( ПОВТОР) 12+
close

Цæгат Ирыстоны цæуы æппæтуæрæсеон чемпионат “Профессионалы”-йы регионалон къæпхæн

27.02.2025 13:21

Уыцы иу рæстæг дыууæ компетенцийæн фæзуат снысан кодтой Алагиры хъæды хæдзарады техникумы.

Хохаг къæйдур — фæлладуадзæн бынæтты уæлцъарæн йæхицæй фидардæр æмæ аивдæр æрмæг нæй. Йæ сæвæрын та æнцон нæу. Профессионалон дæсныйады чемпионаты архайджытæ дæр хæслæвæрд зындæртæй иуыл нымайынц. Компетенци “Ландшафты дизайн” студентты ахуыр кæны архитектурæ афтæ ‘фтауын æрдзмæ, цæмæй йын йæ рæсугъддзинад ма хала. Чысыл дыргъдон саразыны хъуыддаг райдианæй кæронмæ ныртæккæ фæсивæдæн сæхимæ кæсы, арæзтадæй цъæх фæлысты онг.

Гæззаты Валерийы бæласдон йæ алы лыстæгдзинадæй дæр бæрæг дары иннæты ‘хсæн. Кæд нырма студент у, уæддæр йæ куыстытæ дæсныты архайдмæ дард нæ лæууынц. Проектæн лæвæрд цæуы æрмæст æртæ боны. Æххуыс сын кæнынц бархионтæ, æрмæгæй сæм хорз фæкастысты. “Цыфæнды хъуыддаг дæр куы уарзай, уæд дзы зынæ йницы ис” — æфсæрмыгæнгæйæ зæгъы лæппу.

Ерыстæм фæсивæд сæхи бæстонæй цæттæ кодтой. Æрмадзты иу сын ахуыргæнджытимæ практикон архайд бацайдагъ. Тагъд, фæлæ æнæ рæдыдтытæй хъуамæ зоной дидинæгкалгæ цæхæрадон саразын. Фæзуæттæ сты фондз. Уæлахизыл тох кæнынц Хъæды хæдзарады техникум æмæ Аграрон-технологон колледж. Практикæмæ рахизыны размæ та уал 3Д-проекттæ скодтой.

Регионалон къæпхæны фæзуат ис Алагиры, Хъæды хæдзарады техникумы. Ландшафты дизайнерты æмрæнхъ дзы ерыс кæнынц фидæны хъæдгæсады кусджытæ дæр. Джанайты Астан фыццаг хатт архайы чемпионаты.

Астан у “Лесное и лесопарковое хозяйство” дæсныйады дыккагкурсон. Хъæд хъæуы æнæзакъонæй бæлæстæ цæгъдджытæй хъахъхъæнын. Зынгсирвæзтытæй, низтæй æмæ зианхæссæг уырынгонтæй дæр ын тæссаг у. Тæхæг аппаратты руаджы тæссаг уавæр æвиппайды рабæрæг вæййы.

Професионалон дæсныйады чемпионаты регионалон къæпхæн мартъийы фæуыдзæн. Йæ хуыздæрты ‘хсæн ма дарддæр хуыздæрты равзардзысты. Æрмæст уыдон суыдзысты Ирыстоны минæвæрттæ æппæтуæрæсеон ерысты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Кудзаты Хъазыбек | Аивады фæз
18.07.2026
Язык жизни | Гвардия
18.07.2026
Нымӕтхуд | Агурæг
18.07.2026
Донхорыггæнæн куыстытæ Ирыстоны æмæ Ногхъæуы скъолайы æнтыст I Йæ рæстæгыл
17.07.2026
Национальное возрождение в Осетии в XIX веке | Ход истории
17.07.2026
Хæдзарадон I 17.07.2026
17.07.2026
День подарков I Доброе утро, Осетия!
17.07.2026
Театральный фестиваль «Вахтангов. Путь домой» I Подробнее
16.07.2026
Летняя школа точных наук, студенты СКГМИ в «Тесле» и актуальные новости недели I Самое время
16.07.2026
Æрыгон нывгӕнӕг ӕмӕ рӕвдауӕндонмæ балц | Дæ райсом хорз, Ирыстон!
16.07.2026
Ацамаз Алборов I Дело мастера
15.07.2026
Репродуктивное здоровье I Среда влияния
15.07.2026
Хорошо там, где мы есть | Доброе утро, Осетия!
15.07.2026
Ирон адæммæ та хæринæгтæй цы ис? I Бæрнон ныхас
14.07.2026
Проект «Здравствуй, Россия», афæдзы гуыл æмæ цигун I Йæ рæстæгыл
14.07.2026
Все рекомендуемое