Тых, техникæ æмæ уæлахизмæ тырнындзинад. Цæгат Ирыстоны цæуы Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кубокыл самбойæ турнир. Ирд ерыстæ республикæйы ныр дыккаг хатт арæзт сты. Сæдæ æхсай лæппу æмæ чызджы æвдисынц сæ арæхстдзинад æмæ физикон цæттæдзинад, стыр аргъ ма кæнынц сæ адæмы æгъдæуттæн. Спортивон уæлахизтæ царды раст фæндагыл æрлæууынмæ куыд разæнгард кæнынц, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Тых, техникæ æмæ ныфсы ныхмæлæуд. Тохы хатдзæг хатгай суанг йæ кæронмæ дæр бæрæг нæ вæййы. Æвзонг самбисттæ тох кæнынц фыццаг суæвыныл. Гауызмæ рацыдысты лæппутæ æмæ чызджытæ дæр. Сæттынц, ерыстæ æнцон кæй никуы рауайынц. Фæлæ ам цы æнкъарæнтæ райсæн ис, уыдонæн æмбал нæй.
Ерыстæ зын уыдысты. Фæлæ иууылдæр æппæт тыхтæй архайдтам. Тыхстысты рамбулыныл æмхуызонæй. Фæлæ чидæр рацыд размæ, чидæр нæ…
Тохы рæстæг æрмæст спортсмены уд нæ цырын кæны. Фарсхæцджытæ дæр фæстæ нæ лæууынц. Фæлæ сæйрагдæр у, цæмæй богал йæ ныхмæлæууæгæн аргъ кæна, æнæраст митæ сæрмæ ма хæсса. Трибунæтыл дæсны самбисттæ дæр ис. Уæдæ фæсивæдмæ лæмбынæг кæсынц сæ зондамонджытæ. Гауызмæ рацæуыны размæ æрмæст физикон цæттæдзинад æгъгъæд нæу.
Рæзгæ фæлтæр спортæй архайой, уый ахсджиаг у. Бæрзонд æнтыстытæм чи тынрны, уымæн дæр хъуамæ æппæт уавæртæ уа. Уæдæ тренертæ дæр кусынц лæппутæ æмæ чызджыты алывæрсыг рæзтыл. Буарæй уæлдай, удыхъæд дæр хъуамæ тыхджын уа.
Ахæм ерысты рæстæг фæсивæд уæлдай хатт равдисынц, сæрыстырдзинады аккаг кæй сты. Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы кубок фыццаг хатт сарæзтой боксæй. Ныр самбисттæн дæр дыккаг турнир у. Фидæны дисциплинæтæ ноджы хъуамæ фæфылдæр кæной.
Алы тренер, алы скъола дæр, спортивон зонындзинæдтæ раттынæй уæлдай, архайынц хъомыладон куыст кæныныл: хæрзæгъдау ахуыр, патриотон хъомылад. Æппæт дæр иумæйагæй хъæуы дæттын сывæллонæн. Цæмæй фидæны æмбарой фæсивæд — спорт æрмæст хорз физикон цæттæдзинад нæу.
Æдæппæтæй ерысты архайтой 160 спортсмены. Самбисттæ сты республикæйы алы районтæй. Мадзал саразынæн баххуыс кодтой Самбойы федераци æмæ Чырыстон рухсады алайнаг æхсæнад “Дзæнгæрæг”.
















