Дзæуджыхъæуы æвзарæн кампани уыд егъау. Республикæйы сæйраг горæты куыстой 127 æвзарæн хайады. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг хъæлæс кæнынмæ æвзарæн хайадмæ æрбацыд йæ бинойнагимæ.
Йæ хъæлæс радта республикæйы парламенты сæрдар Алексей Мачнев дæр. Йæ хъæлæс раттынмæ æрбацыд сæумæрайсом. Куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы муниципалон къæпхæн республикæйы царды ахсджиг бынат ахсы.
Æрæфы районы йæ граждайнаг хæс сæххæст кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Уый хъæлæс кодта йæ рацгуырæн хъæу Цыколайы. Уым æвзæрстой хъæуы хицауы.
Сæ æнкъарæнтимæ дих кодтой æвзарджытæ дæр. Сæ хъуыдымæ гæсгæ граждайнаг хæс баххæст кæныны ахсджиаг хъуыддаг у.
Центрон æвзарæн къамисы знон куыд бафиппайдтой, афтæмæй æвзæрстытæ ацыдысты æнæ къуылымпыдзинæдтимæ. Уагхæлдыдтæ дзы нæ фæнысан кодтой. Протоколы кæй фæнысан кодтой цæстдарджытæ уый журналисттимæ пресс-конференцийы фæнысан кодта мидхъуыддæгты министрады минæвар.
Оперативон информаци журналисттæн боны дæргъы хъусын кодтой центрон æвзарæн къамисы пресс-центры. Æвзарæн бон куыд цыд уый уый адæмы размæ хастой æвзарæн къамисы, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, цæстдарджытæ æмæ эксперттæ.
Æхсæвы банымадтой хъæлæстæ. Абон сбæрæг сты рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ. Кæронбттæны хатзæгтæ сбæрæг кæндзысты райсом.
Æвзæрстытæ куыд цæуынц уымæ райсомы 8 сахатæй сæ хъус дардтой æхсæнадон цæстдарджытæ. Республикæйы уыдысты 184. Се хсæн хъæппæрисджын адæм æмæ æхсæнадон организациты уæнгтæ. Уыдон ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Эксперттæ боны дæргъы бæрæг кодтой æвзарæн хайадтæ сæ хъус дардтой хъæлæстæ куыд цæуынц, уымæ. Сæ хатдзæгтм гæсгæ æвзарæн бон ацыд æнæ къуылымпыдзинæттимæ. Æвзæрстытæ куыд цыдысты уымæ сæ цæст дардтой эксперттæ Мæскуыйæ. Куыд зæгъынц афтæмæй æвзæрстытæ æмæ цæттæ кæнæн мадзæлттæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл.
















