Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы архайдзæн сæрмагонд кусæг къорд Хуссар Ирыстоны фарстайы фæдыл. Æркæсдзæн 2008-æм æмæ 1920-æм азты цауты Гуырдзыстоны митæ геноцидыл банымайыны тыххæй курдиатмæ. Сæрмагонд къордæн разамынд дæтдзæн Хæдбар паддзахæдты æмхæларады, Евразийы интеграцийы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Виктор Водолацкий.
Уый тыххæй хъусын кæны Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд совет æркаст хъæппæрисмæ – цæмæй Гуырдзыстоны националисттæ хуссайраг ирæтты ныхмæ цы мадзæлттæ арæзтой, уый раиртасыны тыххæй кусæг къорд саразой. Вячеслав Володин куыд бафиппайдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны парламенты уæнгты курдиатмæ хъæуы уæлдай æрмго аздахын. Уый фæдыл ма дæнцæджытæ дæр æрхастой. Сæ равзарæныл кусдзысты историктæ, уыимæ ма уыцы цаутимæ зонгæ чи у, уыдонæй та бадомдзысты æххуыс.
Хъæугæ информаци æркурдзысты Хуссар Ирыстонæй дæр. Кусæг къорды архайджыты ныфс ис, ацы хъуыддаджы сæм Гуырдзыстон дæр кæй фæкæсдзæн. Курынц сæ сæрмагонд гæххæтытæ, цæмæй хъуыддагмæ бæстонæй æркæсæн уа. Кусæг къорд æппæт хъæугæ æрмæджытæ куы сæмбырд кæна, уæд сын бæстон иртæстыты фæстæ скæндзысты хатдзæгтæ. Хуссар Ирыстоны курдиатимæ сразы уæвын æмæ паддзахады цаутæ геноцидыл банымайæн уыдзæн æрмæстдæр цы сæрмагонд гæххæтытæ фендзысты уымæ гæсгæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны парламенты уæнгтæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советмæ арвыстой курдиат, цæмæй 1920-æм азы Гуырдзыстоны рдыгæй цаутæ банымайой геноцидыл.
















