Цæхæрадæтты æмхæларад “Дружба”-йы дон æртахгай куы рацæуы, уæд ууыл дæр цæрджытæ цин фæкæнынц. Уымæн æмæ цæрæн пункты дон нæй ныр къуырийы бæрц. Афтæмæй боныхъæды температурæ та схизы 40 граду онг. Бирæ бинонты та ис сывæллæттæ æмæ ацæргæтæ.
Ахæм уавæрты цæрын, кæй зæгъын æй хъæуы, адæмæн барвæндонæй нæу, фæлæ сахуыр сты. Дон, ис афтæ зæгъæн, æмæ æппындæр нæ вæййы алы сæрд дæр — ныр дæс азы дæргъы. Фылдæр июль æмæ августы. Уавæр фæрогдæр вæййы æрмæст къæвда бонты.
Цæхæрадæтты æмхаларадмæ ис юридикон бæрнондзинад. Уымæ гæсгæ цæрджытæ цы лæггæдтæй пайда кæнынц, уыдон хъуамæ æххæст кæной сæхæдæг. Донимæ фарста та хауы сæрдармæ. Фæлæ, цæрæн бынаты разамонæгмæ цæрджытæн сæ бон бахауын нæу. Нæлгоймаг телефонæй дзуапп нæ дæтты. Хæтæл нæ систа не сфæлдыстадон къордæн дæр.
Дон – æртахгай, къуылмпыдзинæдтæ ййафынц электрон тых æмæ газы ифтонгадимæ, æмбæлгæ уавæры нæй цæрæн пункты фæндаг дæр. Цæрджытæ æххуысы фæдыл фæсидтысты ресурстæй æххæстгæнæг куыстуатмæ, фæлæ райстой ахæм дзуапп. Дзурут уæ сæргълæууæгмæ, зæгъгæ. Адæм бафæлладысты ахæм уавæртæй, сæ бон æнхъæлмæ кæсын нал у.
Цæрджытæ курынц, цæмæй сæрдар сараза æмбырд. Фæнды сæ ног разамонæджы равзарын. Дзырдæн, донимæ баст фарста аиуварс кæнын зын нæу. Уый тыххæй хъæуы Доны куыстуатмæ фæсидын, цæмæй цæрæн пункт бакæной ресурс ифтонггæнæг куыстуаты дæлбар. Кусæндон ратдзæн юридикон амынддзинæдтæ, баххуыс кæндзæн курдиат ныффыссыны фарстайы дæр, срегистраци кæндзæн коммуникацитæ. Ахæм уынаффæ рахаста сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Фæлæ “Доны куыстуат” архайы цæхæрадæтты æмхæларадтæн баххуыс кæныныл, кæд æмæ сæ бæрны не сты, уæддæр.
Закъонмæ гæгсæ, куыстуат хъуамæ дон хæццæ кæна цæрæн пункты райдианмæ. Фæлæ, специалистты ныхæстæм гæсгæ, къуылымпыдзинæдтæ сты уæззаудæр. Æмхæларадæн бындур куы сæвæрдтой, уæд доны хызтæ, гæнæн ис, æмæ раст æвæрд не рцыдысты. Æнæ дæсныты æххуысæй абон фарста аиуварс кæнæн нæй.
















