Цæрæнуæттæм муниципалон цæстдарды фæтк фæивдзысты. Æппæт цæрæнуæттæ та бакæндзысты регионалон паддзахадон цæстдарды бæрны. Ахæм закъон сфидар кодта Федерацийы совет ацы бонты пленарон æмбырды. Ныртæккæ мунициаплон фатертимæ хæдзæрттæм сæ цæст дарынц Цæрæнуæттæм муниципалон цæстдарды æмæ паддзахадон цæстдарды оргæнтæ иумæ. Уыцы иу рæстæг та ма Цæрæнуæтты паддзахадон инспекци лицензион æгъдауæй бæрæг кæны амалхъомады архайд. Афтæмæй разамынддæттæг компаниты куыст бæрæг кæнынц 3 организацийы. Ног закъон та Цæрæнуæттæм муниципалон цæстдарды оргæн ацы бартæй суæгъд кодта æмæ сæ бакодта Цæрæнуæттæм паддзахадон цæстдарды регионалон хайады бæрны, исбонады формæ нæ хынцгæйæ.
Документы руаджы ацы куыст фæхъомысджындæр уыдзæн, уæлæмхасæн хъахъхъæд цæудзысты цæрджыты бартæ, уыимæ уæлдай уаргъ ист æрцæудзæн разамынддæттæг компанитæй. Ног хъуыдыйы авторты ныхæстæм гæсгæ, арæх афтæ вæййы, æмæ иу барадхæлды тыххæ Разамынддæттæг компанийы фæивар кæнынц 2 хатты – регионалон æмæ муниципалон инспекци. Афтæмæй документ регионалон разамынды руаджы фидар кæны закъоны тых æмæ бынæттон хицауады архайд.
















