Фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæ кæнынæн Цæгат Ирыстонæн рахай кæндзысты 320 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады финансон-хæдзарадон куысты анализы фæдыл æмбырды. Дзуапдæттæг министр Таматы Майрæны ныхæстæм гæсгæ, æвæстиатæй къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынæн цæттæ кæнынц материалон-техникон фæрæзтæ.
Къæпхæнгай архайдмæ сæ хъус дарынц оперативон штабы. 2021-æм æмæ 2022 азты бындуронæй сцалцæг кодтой 70 бирæуæладзыгон хæдзары. Баивтой лифтытæ, хæдзары сæртæ, сног кодтой инженерон системæтæ. Ацы аз ма банывыл кæндзысты 36 бирæуæладзыгон цæрæнбынаты.
Æмбырды ма ныхас цыд республикон æмæ бынæттон бюджеттæй лæггæдтæн цы организацитæ фидынц, уыдоны хæрдзтыл. Дзанайты Барис бабар кодта фиддонтæ æххæстæй баххæст кæнын.
















