Абон йæ профессионалон бæрæгбон бæрæг кæны нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Царахаты Сослан дæр. Хайады пъæлицæйаджы куыст у бæрнон æмæ ахсджиаг. Хъуамæ йæ районы æппæт уавæртæ зона, хъахъхъæна цæрджыты бартæ æмæ æдасдзинад. Æмæ уый æрвылбон. Сослан куыд зæгъы, афтæмæй, йæ архайд бирæвæрсыг у. Суанг ма психологы æууæлтæй дæр спайда кæны. Йæ дæсныдзинад равдыста «Хайады адæмон пъæлицæйаджы» æркасты регионалон къæпхæны.
Хайады пъæлицæйаджы бон райдайы районыл æрзылдӕй. Дарддæр – гæххæттытимæ æмæ курдиæттимæ куыст. Уæгъд рæстæг æппындæр нæй. Царахаты Сосланы бæрны ис 2000 адæймаджы. Уыдонæй уæлдай, Хæххон-металлургон институты студенттæ. Ацы дæсныйады Сослан ис ныр 6 азы. Йæ куысты фæтк бæлвырдгонд нæу. Барад хъахъхъæнын улæфæн бонты дæр бахъæуы.
Цыфæнды уавæрмæ дæр – кæддæриддæр цæттæ. Уымæн æмæ хуымæтæг хыл арæх расайы æнæнхъæлæджы фæстиуджытæм. Фæлæ Сосланы уый тасы не ‘фтауы. Йæ хъару æмæ йæ фæлтæрддзинадыл æууæнды. Хайады пъæлицæйагæн цæрджытимæ хорз ахастдзинæдтæ ис. Æмæ уый дæр алкæй къухы нæ бафты. Промышленнон районы цæрджытæ йын стыр аргъ кæнынц. Сослан у «Хайады адæмон пъæлицæйаг -2022», зæгъгæ, æркасты регионалон къæпхæны уæлахиздзау. Абон та бæстæйы у дæсныйады хуыздæр 3 минæвары сбæлвырд кæныны æвзæрстыты фæстаг бон.
















