Центр «Мой бизнес» байгом уыдзæн Дзæуджыхъæуы. Ныртæккæ дзы фæуд кæнынц фæстаг куыстытæ. Куыд цæуынц, уый сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министр Томайты Хъазыбег. Бæрнон кусджытимæ уый федта ног бæстыхай æмæ цы кусæнгæрзтæй ифтонггонд у, уый.
Арæзтадон куыстытæ дзы кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Гидроизоляци æмæ хъармгæнæн фарстатæ дзы аиуварс кодтой. Кусæн бынæттæ дзы сцæттæ кодтой. Уыдзæн дзы конференциты зал æмæ бирæвæрсыг центр нырыккон техникæимæ. Томайты Хъазыбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы ран амалхъом адæймæгтæн æппæт лæггæдтæ кæнынæй уæлдай ма, фадат уыдзæн республикæйы районтимæ бастдзинад дарын. Уый пайда уыдзæн æмгуыстады фарстатыл архайынæн. Профилон министрады разамонæг бабар кодта куыстытæ къуырийы кæронмæ сæххæст кæнын.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, центртæ «Мой бизнес», зæгъгæ, Уæрæсейы аразынц «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомадæн æххуыс»-ы национ проекты фæлгæты. Ныртæккæ 50-йæ фылдæр сты. 2024-æм азмæ сын фæнд кæнынц сæ нымæц фæфылдæр кæнын. Сæйраг хæс у – амалхъомады райрæзты æппæт фæрæзтæй уыцы иу ран пайда кæнын. Афтæмæй, Цæгат Ирыстоны иу ран кусынц Амалхъомадæн æххуысы фонд – ныр «Мой бизнес» чи уыдзæн, уый, Кредиттæ дæттыны фонд, Республикæйы инвестицион рæзты куыстуат æмæ амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæджы исæнуат.
















