Дзыллон информацион фæрæзтæ æмæ Профцæдисты æмгуыстады тыххæй æрдзыдртой сæрмагонд наукон-практикон конференцийы. Тымбыл стъолы аразджытæ сты Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты кусджытæ æмæ нæ республикæйы Профцæдисты змæлд.
Æмбырды бацархайдтой Уæлдæр ахуыргæнæндæтты разамонджытæ, алыхуызон къабæзты профцæдисты минæвæрттæ, æхсæнадон организациты æмæ дзыллон инфомарацион фæрæзты минæвæрттæ. Ныхасы сæр – профцæдисты куыст парахат кæнын, сæ ахадындзинады тыххæй адæмæн фехъусын кæнын. Архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй профцæдисты æмæ хабархæссæг фæрæзты хъæуы иумæ кусын. Уый фæдыл баныхас кодтой сæрмагонд архайыд сног кæнын.
















