9 азы дæргъы уæрæсеаг ахуыргæндтæ архайынц коллайдер NICA саразыныл. Йе ‘ххуысæй специалистты фæнды, Дуне Стыр срӕмыгъды хӕдфӕстӕ цы буаргъӕды уыди, уый раиртасын. Егъау проекты архайджытæй иу сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. Йæ фæзуатыл арæзт æрцыд коллайдеры детекторы ӕмбӕлгӕ куыст бӕрӕггӕнӕн прибор. Гарз куыд кусы, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ.
Уӕззау ионтӕ ӕмӕ протонты коллайдер NICA. Йæ саразыныл Уæрæсейы ныр 9 азы дæргъы архайынц. Æрбынат кæндзæн Ядерон иртæстыты иугонд институты бындурыл. Йе ‘ххуысæй ахуыргæндтæ фæнд кæнынц, лабораторон уавӕрты равдисын, Дуне Стыр срӕмыгъды хӕдфӕстӕ цы буаргъӕды уыди, уый уавӕр. Проект ахсджиаг у æгас дунейæн. Йæ архайджытæй иу — Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. Уæлдæр ахуыргæнæндоны информацион центры кусы ядерон иртæстыты лаборатори. Ам афӕдзы бæрц студенттимæ иумæ æмбырд кодтой коллайдеры детекторы ӕмбӕлгӕ куыст бӕрӕггӕнӕн прибор.
Гарз æрæмбырд кодтой йæ райдианæй, нæ бæстæйы уагъд хæйттæй. Тыхдӕттӕг блок у стыр энергон тыхимӕ, кусы æнæ къуылымпытæй. Аппараты архайдмæ цæст дардтой цалдæр боны. Дарддæр ма фæнд кæнынц ноджыдæр иу агрегат саразын.
Хæстæгдæр бонты тыхдӕттӕг блок арвитдзысты Подмосковьемæ. Коллайдер аразынц уым. Цæгат Ирыстоны паддзахадон унивеситет йæ гæнæнтæ равдыста. Æмæ ууыл æрлæууынвæнд нæ кæнынц.
















