Уæлахизы стыр бæрæгбоны кадджын мадзæлттæ цыдысты Хуссар Ирыстоны дæр. Цхинвалы сæйраг фæзы æфсæддонтæ сарæзтой парад. Ирон адæмæн ацы бæрæгбон уæлдай хъуыдыйаг у. Нæ хуссайраг æфсымæртæ æмæ хотæ сæрибардзинадæн уæлдай аргъ кæнынц. Фыдæвзарæн рæстæджыты ирон адæм хæсты цæхæрмæ афæндараст кодтой сæ хуыздæр хъæбулты, уыдон кад æмæ радæй æххæст кодтой сæ фыдыуæзæг хъахъхъæныны хæс. Дæсгай мин адæймæгтæ сæ бинонты афтæ дæр нал федтой. Уыдоны номыл Хуссар Ирыстоны сарæзтой “Æнæмæлгæ полчы” цыд дæр.
74-æм хатт адæм æрымысыдысты сæ зынгхуыст хъæбулты рухс нæмттæ. Æфсæддон парад, цы фæтк ныффидар, уымæ гæсгæ сарæзтой Цхинвалы театралон фæзы. Кадджын мадзалмæ æрæмбырд сты республикæйы разамынды минæвæрттæ, æхсæнады уæнгтæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ стырæй-чысылæй. Парады цæуæг рæнхъытæ куы сцæттæ сты, уæд сын арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы президент Бибылты Анатолий.
Алы аз дæр Хуссар Ирыстон кад кæны йæ ветерантæн, алы аз дæр сæ нымæц кæны къаддæрæй-къаддæр. Ацы хатт парадмæ æрмæст 4-æй æрбацыдысты, æгас республикæйы та ма сты æрмæстдæр 15. Семæ тохы фæндæгтыл чи фæцыд æмæ йæ фыдыуæзæгыл чи нал сæмбæлд, уыдоны ном парады архайджытæ ссардтой, минут æдзæмæй алæугæйæ. Советон Цæдисы хъæбатырты номы аккаг систы 8 адæймаджы. Сæ кады фæндæгтæ сын сфæлхат кодтой республикæйы нырыккон историйы дæр, æрмæст ацы хатт сæхи хъахъхъæдтой Гуырдзыстоны фашисттæй. Уæвгæ та, парады архайджытæ уыдысты мидхъуыддæгты, æнæнхъæлæджы уавæрты, хъахъхъæнынады æмæ юстицийы министрадты æфсæддонтæ. Уæдæ 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ та парадмæ ракъахдзæф кодтой сæ сывæллæттимæ. Фистæгцæуджыты фæстæ адæм федтой æфсæддон техникæ дæр. Фæлæ æппæты кадджындæр уыдис “Æнæмæлгæ полчы” цыд. Мингай æмыр къамты цæсгæмтты `нцъылдты баззад ивгъуыды тохы цæхæр. Адæмы рæнхъыты сæргъы – Республикæйы Президент дæр йæ фыдыфыды `фсымæры хуызистимæ. Акци Хуссар Ирыстоны сарæзтой фæндзæм хатт. Афæдзæй-афæдзмæ йæ архайджыты нымæц кæны фылдæр. Уый ма иу æвдисæн у, “Æнæмæлгæ полк” адæмы `хсæн куыд кадджын æмæ нымад у, уымæн. Уынгтæм рацыдысты алы кары фæлтæртæ канд Цхинвалæй нæ, фæлæ æгас республикæйы алы къуымæй дæр. Алчидæр сæ зæрдæйæ банкъардта хæстон историйы æрдæгсыгъд сыфты тых.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст къæссавæлдæхт фæкодта адæмы цард. Иунæг ахæм ирон бинонтæ дæр нæ баззад, æмæ йæ судзгæ цалх кæуыл нæ атылд. Нæ адæмæн уый ратыдта сæ хуыздæрты, иу мыггагæй бирæтæ адзалы фæндагыл арвыстой цалдæргай адæймаджы. Уый тыххæй бирæты къухты ис цалдæргай хуызисты. Йæ амонд кæмæн уыдис, уыдон фæстæмæ сыздæхтысты цæфтæ æмæ дудгæ хъæдгæмттимæ. Адæмæй бирæтæ сæ къухтæм райстой ахæмты къамтæ дæр, æмæ сын тугхæстæг чи нæу. Фæлæ сæ фашистон хъулгъайæ чи ссæрибар кодта, уыдонæн кад кæнын сæ хæсыл банымадтой.
60 паддзахадæй фылдæр кæй руаджы æрбангом сты, уыцы “Æнæмæлгæ полчы” уæнгты `хсæн сты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ дæр. Æдæппæтæй баисты 7 мины. Кæнынц фылдæр. Уый та у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты нæмттæ историйы арфы рохуаты кæй нæ баззайдзысты, уымæн ирд æвдисæн.
Хъулаты Юрий
















