Абон у Уæрæсейы Федералон зылдты гуырæн бон. Нудæс азы размæ Уæрæсейы фæзынд авд ноггуырды. Президенты бадзырдмæ гæсгæ, 13 майы 2000-æм азæй фæстæмæ нæ бæстæйы ис Централон, Цæгатаг-Ныгуылæн, Приволжаг, Уралаг, Сыбираг, Дардскæсæйнаг æмæ Хуссар федералон зылдтæ.
Фæстæдæр, 19 январы 2010-æм азы Хуссайраг зылд акодтой дыууæ дихы – равзæрдысты Хуссайраг æмæ Цæгат-Кавказаг федералон зылдтæ. 2014-æм азы мартъийы мæй та ма сыл бафтыд Хъырымы федералон зылд. Ис дзы дыууæ субъекты – Хъырым æмæ, федералон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы горæт Севастополь. 2016-æм азы Хъырымы федералон зылд ссис Хуссар федералон зылды хай. 2018 азы та Буряти æмæ Фæсбайкалы край Сыбираг федералон зылдæй бахаудысты Дардскæсæйнагмæ. Алы зылды дæр кусы æххæстбарджын минæвæртты институт. Уый хъуамæ йæ цæст дара федералон хицаудзинады оргæнты архайдмæ. Федералон зылдты сæйраг хæс у паддзахады æмæ регионты хицауады куысты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.
Æххæстбарджын минæвар кусы Уæрæсейы Президенты Администрацийы. Йæ хæс у, йæ бæрны цы регионтæ ис, уыдоны президенты конституцион бартæ æмæ хæслæвæрдты æххæстдзинадмæ. Снысан æмæ йæ йæ бынатæй сисыны бар ис æрмæстдæр президентæн. Æххæстбарджын минæвар бæлвырдæй радзуры президентæн регионы хъуыддæгты уавæры тыххæй. Цæгат Кавказы федералон зылды Президенты æххæстбарджын минæвар ныртæккæ у Александр Матовников. Цæгат Ирыстоны сæйраг федералон инспекторы бартæ радтой Келехсаты Владимирæн. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдæй фылдæр республикæтæ иу зылды дæр нæй.
















