Уæллаг Санибайы цæрджытæ цух `ййафынц нуазыны донæй. Æрæджы хъуыддаг размæ фезмæлыд. Доны хæтæлтæ ивд æрцыдысты. Фæлæ сæйраг донæмбырдгæнæнæй уæлдæр цы ног хæдзæрттæ ис, уыдоны цæрджытæм дон нæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй нуазыны дон æрæмбырд кæнынц бидонты.
Бынæттон цæрджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй доны фарста рагæй у риссаг. Æрæджы доны хæтæлтæ ивд æрцыдысты, фæлæ уæддæр уавæр нæ фæхуыздæр. Доны резервуартæй уæлдæр чи æрцард, уыдонмæ дон æппындæр нæ хæццæ кæны. Цæрджытæ дон кæд бидонты æрымбырд кæнынц, уæд сын иу боны фаг свæййы.
Плиты Дудар Уæллаг Санибайы цæры 25 азæй фылдæр. Хъæуæн йæ алы фæзилæн дæр зоны. Уæдæ сæм доны уавæр æвзæр кæй у, уый æрмæст нæлгоймаг нæ дзуры, фæлæ цæрджытæ иууылдæр.
Донæмбырдгæнæн люктæ дыууæ сты. Бынæй дзы цы донцъирæнтæ ис, уыдоны руаджы дон зилдух кæны хуыздæр. Фæлæ æххæстæй нæ.
Ацы хъуыддаг хъæуы разамынд зоны. Дзебысаты Хъазыбег куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы аз фарста хъуамæ лыггонд æрцæуа. Уыимæ ма уавæр фæхуыздæр кæнынл архайынц Республикæйы иумæйаг дондзæуæн хæтæлтæй пайдакæнынады куыстуаты.
Цæмæй доны фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй хъæуы ног донæмбырдгæнæн саразын. Цæмæй алкæмæ дæр дон ракæла. Бæрнон адæймæгтимæ аныхасгæнгæйæ, уымæн хъæуы, доны резервуар кæй хонынц, ахæм ног фидар саразын.
Айларты Эмилия
















