Уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионат ацæудзæн 2020-æм азы кæрон, Сербийы. Хъуамæ арæзт æрцыдаид фидæны аз Норвегийы. Турнир ахæсдзæн 12-æм декабрæй 20-æм декабрмæ.
Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболаты ныхæстæм гæсгæ, чемпионат ацы азмæ кæй рахастой, уый хорз хъæппæрис у.
Спортсментæ æнæрлæугæйæ хъуамæ алкæддæр сæ фæлтæрддзинадыл кусой. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй спортсментæ ацы мæйы кæрон ацæудзысты медицинон æркаст, августы та сын сараздзысты сбортæ. Белграды цы турнир ацæудзæн, уый размæ хъуамæ Уæрæсейы чемпионат саразой. Уым чи фæуæлахиз уа, уыдон сæ тыхтæ фæлвардзысты Сербии дунейы чемпионаты.
















