preloader
сейчас в эфире
22:28
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
22:30
ИРОНАУ АДЗУРÆМ 12+
23:10
МЕТОД ФРЕЙДА 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Уæрæсейаг этнографион музейы кусы равдыст, снысан æй кодтой нæ адæмæн

2.11.2024 13:41

Уæрæсейы этнографион музей ацы равдыст бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны ахсджиаг бонтæм. 250 азы Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы цау. Аланиимæ баст равдыстытæ ма ам уыд, фæлæ æрæджы нæ. Экспозици байгом кодтой дыккæгæм июлы. Фенын æй ис 19 январы онг.

Сæдæгай адæм зонгæ кæнынц ирон адæмы хъæздыг историимæ. Уæрæсейаг этнографион музейы кусы равдыст, снысан æй кодтой нæ адæмæн. Æмбал кæмæн нæй, ахæм дзауматæ æрвылбоны царды пайда кæнынæн, уæлæдарæс æмæ ма суанг хæцæнгарзы хуызтæ дæр. Сæ сæмбырд кæныны хъуыддаг æнцон нæ уыд, фæлæ ныр систы экспозицийы фидауц. Специалисттæ снысан кодтой экскурсийæн сæрмагонд программæ. Уый фæрцы ацы бынат чи æрбацæуы, уыдон банкъарынц Цæгат Ирыстоны цардысконд.


Уæрæсейаг этнографион музейы равдысты цымыдисагдæр экспонаттæ сты Ирыстоны тыххæй. Ацæргæ нæлгоймаджы цæсгомы хуыз бæлвырд у боцъотæ, рихитæ, цæстыхаутæ æмæ ма суанг дæндæгтæ дæр. Ацы маскæ арæзт у стуры цармæй. Æвзонг ирон лæппуйыл иу æй скодтой Лæгты бардуаджы бæрæгбонмæ. Афтæмæй хъæлдзæг кодта адæмы.

Æмæ уый æрмæст иу дзаума у, Петербургы цы равдыст бацæттæ кодтой Ирыстоны кадæн, уым. Æдæппæтæй дзы ис сæдæ уникалон экспонатæй фылдæр. Адон сты хъæдын мигæнæнтæ. Ирон фынджы ахсджиаг элемент. Къусы-иу ныккодтой бæрæгæны æмæ куывтой Хуыцаумæ.

Ирон национ хъæздыгдзинæдты равдыст адих кодтой тематикон хæйттыл. Фыццаджыдæр уал радзурынц Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн ахастдзинæдты æмæ Кавказы истори чи иртæста, уыцы ахуыргæндты тыххæй. Уыдоны ‘руаджы абон мах хуыздæр зонæм нæ фыдæлтæ куыд цардысты, уый. Ацы цыллæ хыз та раздæр сылгоймæгтæн уыд сæ дарæсы æнæмæнг хай.

Петербургы цæрджытæ стæй уазджытæн дзурынц æмæ æвдисынц нæ адæмы культурæйы уникалон бынты тыххæй. Ирыстоны бирæ мæсгуытæ цæмæн ис, цавæр нысаниуæг хæссынц. Цухъхъатæ куырæтæй цæмæй хицæн кæнынц, басылыхъхъ æмæ уæлдзарм худы ‘хсæн та цавæр ивдзинæдтæ ис. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы чыргъæд фыццаг бакастæй у хуымæтæг. Æвдисы нæ фыдæлты уæззау царды тыххæй.

Равдысты ма ис сæрмагонд программæ “Сказочная Осетия”. Уазджыты ахуыр кæнынц рагон хъæзтытæй, националон орнаменттæ аразын. Æвдисынц сын ирон уазæгуарзондзинад цы у, уый.

Ацы предметтæ иртастджытæ райстой Ирыстонмæ экспедициты рæстæг. Стыр нысаниуæг ис Ирыстоны алы районтæй хуызистытæ. Се ‘руаджы адæймаг хуыздæр банкъары хъæутæ æмæ хæхты хъæздыгдзинад. Цасдæр рæстæг музейы нæ уыд экспозицитæ Цæгат Кавказы тыххæй.

Уæрæсейы этнографион музей ацы равдыст бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны ахсджиаг бонтæм. 250 азы Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уыцы цау. Аланиимæ баст равдыстытæ ма ам уыд, фæлæ æрæджы нæ. Экспозици байгом кодтой дыккæгæм июлы. Фенын æй ис 19 январы онг.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Елка желаний», потеря загранпаспорта зарубежом I Диана, скажи!
12.12.2024
Чемпион «Hardcore Fighting Championship» Алан Абаев I Передача
11.12.2024
Мадина Короева I Дело мастера
11.12.2024
Ситуация с очередями на Верхнем Ларсе I Среда влияния
11.12.2024
Адæймаджы барты бон, хъæды хæдзарад æмæ сывæллæтты хъомылад | Йæ рæстæгыл
10.12.2024
Транспорт, курс валют, наука Северной Осетии I Самое время
10.12.2024
Коста: обновление мира — Нæуæгбон æхсæвы | Ossetica
9.12.2024
Анна Овчарова | Культурный кот
9.12.2024
Храм Рождества Христова в с. Кобань
8.12.2024
Хобби | Подростки в эфире
8.12.2024
07.12.2024 I Традиция веры
7.12.2024
Фатима Царикаева и Сослан Дидаров I Со-мнения
6.12.2024
Фейерверктæ цы тасдзинад хæссынц, неонатологтæ цæуыл кусынц æмæ программæ «Хъæууон тренер» кæмæн баххуыс уыдзæн? I Йæ рæстæгыл
6.12.2024
Ног техникæйæ ифтонг æмæ фысвосы куыст I Хæдзарадон
6.12.2024
Р. Каупуш, солнечные дети, «Кредо» I Самое время I Самое время
5.12.2024
Все рекомендуемое