Ахсджиаг цау. Уæрæсейы наукæты академийы наукон центры лабораторийы кусы регенеративон медицинæйы хайад. Ныридæгæн дзы иртасынц адæймаджы чырæгтæ алыхуызон уавæрты. Биотехнологиты райрæзтæн тыгъдад байгом кæндзæн стыр гæнæнтæ. Ахуыртæ, æппæтадæмон бастдзинæдтæ æмæ æндæр мадзæлттæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Лабораторийы кусджытæ лæмбынæг кæсынц цымыдисаг архайдмæ. Адæймаджы буары алы хуызты чырæгтæй фылдæр рауайы сойы чырæгтæ – адипорциттæ. Ахорæнтæ æмæ микроскопы æххуысæй фенæн ис экперемент куыд ахадгæ рауад, уый. Чырæгтæй æвзæр кæцытæ сахуырстысты, уыдон мард сты.
Æфсисджын буаргъдтæ цалдæр бонмæ иу хатт баивынц. Чырæгтæ хъуамæ æппынæдзух уой хæрзвадатон уавæрты. Тæнгъæд йе скондмæ гæсгæ хæстæг лæууы адæймаджы тугмæ. Арæзт у инсулин, антибиотик, витаминтæ, урсæгты хæццæйæ, углеводтæ, липпидтæй. Ахæм фæрæз æххуыс у чырæгтæ сног кæныны архайдæн.
Ахæм иртæстытæ медицинæ хизын кæнынц ног æмвæзадмæ. Сæ фæрцы раздæры уæззау низтæ фесафынæн ссарынц ног фæрæзтæ. Суанг ма цæфтæ дæр тагъддæр дзæбæх кæндзысты. Зæгъын хъæуы уый, æмæ гæнæнтæй фæсарæнты рагæй пайда кæнынц. Уæрæсейы та сты нырма фæлварæны хуызы. Бæстæйы снысан кодтой регенеративон медицинæйы æхсæнад. Цæгат Ирыстоны дæр регионалон хайад байгом кодтой.
Чырæгты биотехнологиты райрæзты платформæ сараздзæн. Нæ специалисттæн фадат фæзындзæн федералон специалисттимæ æмгуыст кæнын, æмæ, æнæмæнг, фылдæр кæндзæн сæ фæлтæрддзинад дæр. Регенеративон медицинæйы æхсæнад æрбангом кодта 13 регионы, Мæскуыйы, Петербургы, Белгороды, Калининграды облæстты æмæ Стъараполы крайы раззагдæр лабораторитæ æмæ институттæ.
















