Адæмы удæнцойæн. Хæстæгдæр рæстæг хъалонтæ фидынӕн уыдзæн иу бынат. Бæстæйы финансты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фиддонтæ баххæст кæнæн уыдзæн паддзахадон лæггæдты порталы.
Ныртæккæ хъалонфидæджы хи кабинет ис 40 милуан уæрæсейагæн. Уыимӕ, паддзахадон лӕггӕдты порталы хи номӕй фидаргонд пайдагӕнджытӕ сты дыууӕ хатты фыдлӕр. Ныртæккæ транспортон, зæххыты, исбонады хъалонтæ чи баххæст кæны, уыдон сæрмагонд хъусынгæнинаг райсынц дыууæ хуызы — посты сæрмагонд фыстæг райсгæйæ æмæ хъалонфидæджы хи кабинеты электрон формæйы. Хæстæгдæр дыууæ азы финансты министрад фæнд кæны ахæм документтæ адæммæ паддзахадон лæггæдты хи кабинеттæм æрвитын.
















