Уæрæсейы туризмы комитет æмæ туроператор «Интурист» Цæгат Ирыстоны байгом кодтой туртæ. Путевкæйы аргъмæ бахастой авиабилеты аргъ, фысымуаты лæггæдтæ æмæ экскурситæ. Хæдтæхæг фыццаг туристтимæ Мæскуыйæ Дзæуджыхъæуы æрбадт 18-æм сентябры.
Рейсытæ æххæст кæндзысты цыппæрæм æмæ хуыцаубоны. Ростуризмы сæргълæууæг Дыгъуызыты Зæринæ куыд бафиппайдта, афтæмæй программæйыл бакуыстой ахæм хуызы, цæмæй туристтæн хæсса удæнцой. Лæггæдтæ комплексон кæй сты, уымæ гæсгæ туры аргъ уыдзæн дзæвгар къаддæр.
















