Дзæуджыхъæуы цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ горæты бон сбæрæг кæнынмæ. Уыдзæн сын патриотон нысаниуæг. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады радон аппаратон æмбырды. Ацыд Сергей Меняйлойы разамындæй. Æрныхас ма кодтой эпидемиологон уавæрыл дæр. Республикæйы коронавирусæй рынчынты нымæц чысыл фæфылдæр.
Дзæуджыхъæуы дыккæгæм арæндон æмæ онкологон диспансер хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæ нæу. Къуылымпыдзинæдтæ сæвзæрд, системæтæ хъармгæнæнты ныккæндты кæй сты, уый аххосæй. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта вице-премьер Икъаты Русланбег æмæ дзуапдæттæг министрадтæн фарста хæстæгдæр рæстæг аиуварс кæнын.
Сæрмагонд операцийы Запарожьейы районмæ республикæ арвыста 350 тоннæйы дон. Сергей Меняйло ма куыд фехъусын кодта æмбырды, афтæмæй
мæйы кæронмæ бацæттæ кæндзысты æфсæддон бархионты.
Аппаратон æмбырды фарстатæй иу — эпидемиологон уавæр. Фæлхасгæнджытæм цæстдарды регионалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд фæнысан кодта, афтæмæй коронавирусæй рынчынты нымæц, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, фæфылдæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, вирус цæуы рог хуызы.
Фæнысан кодтой ахуырады æнтыстдзинæдтæ дæр. Алайнаг гимназы педагог Бекъойты Янæ фæуæлахиз æппæтуæрæсеон æркасты æмæ сси мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хуыздæр ахуыргæнæг. Профилон министрады разамонæг Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, суинаг азы æркаст кæй ацæудзæн Цæгат Ирыстоны. Æрдзырдтой ма, горæты бон æмæ Аланийы аргъуыды 1100 азы боныл. Ацы аз хицауад снысан кодта, бæрæгбæттæ кæй ацæудзысты æнæ эстрадон концерттæ æмæ ссалюттæй.















