Нæ республикæйы цæрджытæ дарддæр æххуыс кæнынц æфсæддон операцийы архайджытæн. Чидæр гуманитарон æххуыс æрвиты, нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Вера Бартель та сын хуыйы хъарм уæлæдарæс. Алы дзаумаимæ дæр арвиты сывæллæтты номæй фыстæджытæ, цæмæй батавой сӕхи дӕр, ӕмӕ уды хъарм дæр банкъарой. Чызг йæ къордимӕ агуры иузæрдионты, æфсæддонты уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахӕмты.
Хъуыдыйæдтæм гæсгæ – цыбыр, сæ мидис æмæ ахадындзинад – стыр. Сывæллæтты фыстæджытæ арæхстгай æвæрд æрцæуынц хъарм уæлæдарæсимæ иумæ. Алы дзаума дæр Вера бахуыдта йæхи къухтæй. Уæй кæныны кой дзы нæй, алцыдæр лæвар сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн.
«От кутюр», зæгъгæ, бæрæггæнæнтæ сыл нæй. Сӕ бæсты арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ Ирыстонæй. Хæдзары хъарм банкъарынæн сты æххуыс. Уæвгæ, ам дих никæй кæнынц, не ‘мзæххонтæй уæлдай, фыстæджытæ райсынц Уæрæсейы алы къуымтæй æфсæддонтæ.
Æфсæддонтæн æххуыс кæныны хъуыды Верамæ фæзынд, йæ хæстæгæн арвитынæн аккаг хъарм уæлæдарæс куы нæ ссардта, уæд. Станокы уæлхъус æрбадт æмæ хуыйын райдыдта. Ноджы ма æххуысæн иу хуыйæджы ссардта интернеты фæрцы.
Тæрхæгыл алыхуызон хъуымæцтæ. Ныртæккæ дзы фылдæр ис тар хуыз. Раздæры куысты фæтк ногмæ раивта. Æххуыс кæнынц æфсæддон операцийы архайджытæн. Ацы хъуыддаджы чызджытæн баххуыс кæнӕн ис. Хъæуы сæ хъуымæцтæ æмæ кусджытæ, цӕмӕй Ирыстонӕй цӕуӕг хъармдзинад фылдӕр лӕппутӕ банкъарой.
















