Уæрæсейы президент Владимир Путин Хицауад æмæ Паддзахадон Думæйæн бахæс кодта 15 октябры онг æркæсын æмæ банывыл кæнын дохтыр цы хостæ рафыссы, уыдон онлайн-хуызы уæй кæныны закъонмæ. Стратегион рæзты æмæ нацпроектты фæдыл Советы фембæлды фæлгæты цы хатдзæгтæ скодтой, уыдон фенæн ис Кремлы сæрмагонд сайты. Ныхас цæуы, июлы мæйы министрты кабинеты минæвæрттæ Паддзахадон Думæмæ цы закъоны проект бахастой, ууыл. Уыцы гæххæтмæ гæсгæ, цалдæр регионы фæлварæны хуызы онлайн уæй кæнынмӕ дохтыр цы хостæ рафыссы, уыдон.
Хъæппæрисы сæрæвæрджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, йæ архайджытæн уыдзæн сæрмагонд хыгъдмæ хаст хостæ уæй кæныны бар. Хыгъд снысан кæндзæн федералон органы æххæстгæнæн комитет. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ дохтыры фæдзæхстытæ фыст уыдзысты электрон хуызы. Ацы закъон лæвар хостæ исыны фæткмæ нæ хауы, æрмæстдæр наркотикон буаргъæдтæ кæм ис, æмæ сæр чи сдзæгъæл кæны, уыцы хостæм.
















