Хæдзары æнæмæнг хъæугæ дзауматæ скæнын хъæдæрмæгæй æмæ дзы къухты хъарм бауадзын. Зæгъæгаты Алан æхсæз азы кусы хъæдæрмæгимæ. Фыццаг ын уыд хиирхæфсæн мадзал, фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ сси йæ уарзон дæсныйад. Йæ куысты сусæгдзинæдтæ Алан раргом кодта не сфæлдыстадон къордæн.
Лæгъзгæнæн зырны хъæр, хырхæйфадæнтæ æмæ хъæдæрмæджы рыг алы ран. Æрмадзы куыст йæ тæмæны бацыд. Дыууæ сахаты æмæ ирон фыдджынæн сæрмагонд фæйнæг у цæттæ.
Зæгъæгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ ахсджиаг у хъæдæрмæджы миниуджытæ зонын. 20 азы кабинеты чи фæкуыста, уый ныхæстæм гæсгæ, 6 азы размæ дæр ма зæгæлзилæн цы у, уый нæ зыдта. Йæ цард цæхгæрмæ аивта сертификат ын куы балæвар кодтой, уæд. Уымæ гæсгæ ацыд хъæдӕрмӕгимӕ кусыны дæсныйадæвдисæн ахуыртæ.
Уый фæстæ байгом кодта хи æрмадз. Фыццаг бæстыхайы фæнд кодта спортивон зал саразын. Æртæ азы фæстæ офисы куыст ныууагъта æмæ йе ‘ргом раздæхта пайдайаг, сæйрагдæр та, зæрдæмæдзæугæ дæсныйадмæ. Зæгъæгаты Алан фылдæр аразы стъæлттæ, бандæттæ æмæ алыхуызон фæйнæджытæ хæрзхъæд æрмæгæй. Арæхдæр пайда кæны тулдз, сывылдз, тæрс, гæдыбæлас æмæ акъаци бæласæй. Мастеры куыстæй иу хатт разыйæ чи баззайы, уый йæм дыккаг хатт дæр æхсызгонæй æрбацæуы.
Хъæддæсны, дизайнер æмæ педагог. Хъæдимæ архайын сахуыр сты æгас бинонтæй. Сæ зæрдæмæ цæуы. Иумæйаг архайдæй рауайынц алæмæты рæсугъд дзауматæ. Зæгъæгаты Алан ма байгом кодта хæрзаудæн фонд «Папа Карло». Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн саразы дæсныйадæвдисæн ахуыртæ.
Хъæдæрмæджы алы хуызӕн дӕр ис цавæрдæр æвидийгæ тых. Аланы ныфс ис, адæмы фарн æм кæй раздæхдзæн фæстæмæ уыцы тыхимæ, æмæ ма йæ къухы ноджы фылдæр кæй бафтдзæн. Фидæны фæнд кæны йæ куыстуат апархат кæнын.
















