Цымыдисаг лагерь «Хохаг» ныр дыккаг аз кусы æнтыстджынæй. Ам сывæллæттæ æрмæст сæ уæгъд рæстæг не ‘рвитынц, фæлæ ма стыр аргъ кæнынц ирон æгъдау æмæ трацицитæн. Полилигвалон программæйы сæйраг нысан фæсивæды ‘ргом ирон æвзагмæ раздахын. Ма бауадзын сæфын рагон ирон хæринæгты хуызтæ. Æрыгон адæм зæрдиагæй сæхи фæлварынц хæринаггæнджытæй. Суанг ма сæ ныфс ирон бæгæны сфыцынмæ дæр хæссынц.
Æцæг æлутон бæгæны сфыцынæн хъæуы, фыццаджыдæр, раст сыгъдон бацæттæ кæнын. Ахсджиаг у, цæмæй ссад аджы быныл ма фæхæца, фæлæ уыцы-иу рæстæг хъуамӕ атар уа. Уый тыххæй йæ хъæуы æдзух змæнтын.
Æппæт амынддзинæдтæм дæр сывæллæттæ хъусынц лæмбынæг. Бæгæны фыцыны ахуыртæ фыццаг хатт арæзт не сты. Фæлæ сын ныр ис практикон хуызы хи бафæлварæны фадат. Уæвгæ, сæрдыгон лагер «Хохаджы» фæсивæды ахуыр кæнынц бирӕ цӕуылдӕртыл.
Ирон хæринæгтæ цæттæ кæнын базонын, кæй зæгъын æй хъæуы, у ахсджиаг. Фæлæ ам, сæрмагонд программæйы фæлгæты, се ‘ргом здахынц ирон æвзагзонынад, æгъдæуттæ æмæ культурæйы сусæгдзинæдтæм. Афтæмæй, кæд лагерь нырма хæрз цыбыр рæстæг кусы, уæддæр йæ хатдзæгтæ ныридæгæн дæр бæрæг сты.
Æвзагзонынадон-ахуырадон программæ æххæст кæнынц дыккаг аз. Фыццаг хатт йæ райрæзтыл бакуыстой фарон сывæллæтты лагерь Урсдоны. Ацы аз та ЦМИ-йы. Архайджыты ‘хсæн – Дзæуджыхъæуы цыппар районы минæвæрттæ. Æдæппæтæй – 35 сывæллоны. Ахуырты сæйраг нысан — кæстæр фæлтæрмæ ирон æвзаг æмæ æгъдæуттæм уарзондзинад рæзын кæнын. Уый тыххæй семæ æртæ къуырийы дæргъы фæкусынц фæлтæрдджын специалисттæ.
Программæйы райрæзтыл кусы республикæйы фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомылады центр.
















