Зарæггæнджыты къорд “Уацамонгæ” равзæрд 2015 азы декабры. Æрыгæтты тыхджын æмæ аив хъæлæстæ адæмæн уайтагъд систы уарзон æмæ зæрдæмæдзæугæ. 2017 азæй ансамбль у Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы дæлхай. Сæ ном айхъуыст канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт бæстæйы æмæ ма суанг фæсарæнты дæр.
Æрыгон музыканттæ сæйраг нысаныл нымайынц адæмон фольклор парахат кæнын, йæ хъæздыгдзинадимæ адæмы зонгæ кæнын. Сæ репертуары ирон сфæлдыстады хъайтарон æмæ хъæлдзæг зарджытæ, куывдтытæ æмæ кадджытæ. Хæрз æрæджы та ма райдыдтой эстрадон равдыстытæ кæнын дæр. Ахæм хуызы фæсивæды разæнгард кæнынц фыдæлты культурæйыл æнувыд уæвынмæ.
“Уацамонгæ”-йы концертты аивадуарзджытæ фехъусынц адæмон инструменттты зæлтæ – дыууадæстæнон, хъисын, дала фæндыртæ. Æрæджы та ма къорды фæзынд гитарæйыл цæгъдæг дæр. Токаты Азæмæт хæдахуыр у, зарæггæнджыты къордмæ бахауын уыд йæ бæллиц. Адæмон зарджытæн йæ зæрдæйы уæлдай бынат ис. Ныр йæ курдиат рæзы фæлтæрдджын музыкантты разамындæй, ахуыр кæны ногдзинæдтыл. Куыд зæгъы, афтæмæй йын кады хос у, къорды уæнг уæвын.
Абон “Уацамонгæ” у бирæ хæрзиуджыты хицау. Национ культурæйы райрæзтмæ цы æвæрæн хæссынц уый фæдыл сси Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты премийы лауреат, Æппæтуæрæсеон “Дельфиаг хъæзтыты” бронзæ призер, Æппæтадæмон фестиваль “Московская весна A Cappella” 2024 -ы, Æппæтадæмон фестиваль “Мир Сибири”-йы уæлахиздзау æмæ æндæрты, Фæлæ сæ сæйрагдæр хæрзиуæг адæмы уарзондзинад. Æнæмæнг сæм разæй æнхъæлмæ кæсы стыр æнтыстдзинæдтæ, аивады фæндагыл.
















