Диссаг у æрдзы сконд: адæймаг иунæгæй нæ фæразы, – йæ зæрдæ мæгуыр кæны. Ис ахæм æмбисонд: «Сыхаг бирæ хæстæгæй æввахсддæр æмæ зынаргъдæр вæййы». Нæ студийы уазджытæ раргом кæндзысты сыхбæстимæ баст мысинæгтæ.
Теги дня
Темы
РЕКОМЕНДУЕМ
- Главная
- Телепроекты
- Æндæхтæ
- Выпуск от 30.05.2021
Чындзæхсæвы æгъдау
30.05.2021 20:40
Æндæхтæ
Выпуск от 30.05.2021
Ирон адæймагæн йæ алы архайд, йæ алы сныхас дæр æгъдауимæ баст у. Æвæрд дзы ис бæлвырд хъуыды. Фæлæ рæстæгимæ нæ æгъдæуттæй кæцыдæртæ рох кæнын байдыдтам. Уый фыдæй фæзæгъæм «комæй коммæ хицæн æгъдау ис».
Æрвылбон кæрæдзи фæрафæрс-бафæрс кæнæм: куыд хуыздæр æмæ куыд растдæр кæнгæ у ацы æгъдау, зæгъгæ. Фæрсын та хорз у. Дзуаппытæ чи агуры, зонгæ дæр уый кæны. Абон та уæдæ нæ фарстытæ ратдзыстæм нæ студийы уазджытæн. Æмæ нæ æндæхты къуыбылойыл æртухдзыстæм чындзæхсæвимæ баст æгъдæуы хабæрттæ.
Другие выпуски
