Цырыхаты Михал. Советон ирон фысджыты ирд æвдисæн. Публицист, журналист, редактор. Уӕды дуджы кæмдæрид хъуыд литературон архайд, уым уыд йе ‘рмдзӕф дӕр. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Кæмтты рухс»-æй æвзарæм цалдæр дзырды.
- Главная
- Телепроекты
- Судзаг æвзаг
- Выпуск от 03.06.2022
Саст дзæнгæрæг
Судзаг æвзаг
20-æм æнусы зынгæдæр ирон поэты ном уæларвон фарн рарæдзæгъта Джыккайты Шамилы уаз номыл. Æрмæст литературон курдиатыл нæ банцад хъуыддаг. Ӕмбæстаг, патриот, нацийы развæдгæрдæг — уыдæттæй басгуыхт Шамил. «Рарæдзæгъдын» цы у, уый базонынæн та бакӕс ацы рауагъдмӕ. Поэт ацы дзырдæй спайда кодта йæ «Саст дзæнгæрæджы».
_
Чиныг равгæн «Бæрзæфцæг»-æй: vk.cc/cdPL7f
_
*РÆДЗÆГЪДЫН: «Дæ урс сæрæй ныл фарны рухс рæдзæгъды»
*БÆЗНАГ: «Бæзнаг хъугæмттæ макуы суæнт зæрæстон»
*ÆРВЫГ: «Æрвыгау — ирд, рæууон ирдгæйау — сатæг»
*МÆТЫХ: «Ыскодтам сау мæтыхтæй гæс»
*ÆРГЪÆУ: «Зылдтæн æргъæу галуанты уæд»
*КЪОТЫР: «Ницы ис мæ армы, къотыр у мæгуыр»
*ÆРДЗÆ: «Æрвыстон æз æрдзæ азты фыдбонтæ»
*ХÆТОЙ: «Хæтой адæм — тызмæг æмæ хъуынсæр»
*ÆНДИДЗЫН: «Æндидздзæн уалдзæгмæ дæ базыр»
