Англисаг æвзаджы урок ацы бон цæуы фæсарæйнаг æвзæгтæ ахуыргæнæн сæрмагонд агъуысты. Алы скъоладзаумæ дæр ноутбук æмæ хъусæнтæ. Сывæллæттæ кусынц сæрмагонд æрмæгыл. Текстмӕ гӕсгӕ æххæст кæнынц æппæт хæслæвæрдтæ. Афтæмæй ахуыр кæнынц ныхас хуыздæр базоныныл, ӕмбарын æрмæджы мидис.
Ацы къласы ахуырдзаутæ кусынц хибарæй. Иу дзы иннæйы нæ хъыгдары. Алкæмæ дæр дзы ис сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Ахуыргæнæгæн дæр йæ гæнæнтæ уæрæх сты. Компьютеры руаджы уынæм, алы скъоладзау дæр цы хӕслӕвӕрдыл архайы, уый. Куыст уыцы иухуызон кæй цæуы, уый хорз у.
11-æм скъолайы англисаг æвзаг бындуронæй ахуыр кæнынц. Дыккæгæм къласæй йæ райдайынц амонын. Фæндзæм къласы ахуырдзаутæ æмæ уыдонæй хистæртæ ацы урок цæуынц æрвылбон. Уыимæ ма æрæджы ахуыр кæнын райдыдтой немыцаг æвзаг дæр. Архайд цæуы сæрмагонд чингуытæ æмæ техникæйы руаджы. Ам, цæмæй раппæлой, уый ис. Алы къласы дæр интерактивон фæйнæг. Уыимæ ног зонындзинæдтæ исын цымыдисаг дæр у, зæгъынц скъоладзаутæ.
Скъола мæ зæрдæмæ тынгдæр цæуын райдыдта. Райдзаст, къултæ алыхуызон ирд ахорæнтæй ахуырст. Уый цæст рæвдауы. Ног интерактивон фæйнæджыты руаджы арæх бацæттæ кæнæм презентацитæ. Æрмæг ахæм хуызы базонын æнæмæнг цымыдисаг у.
Ног кусæнгæрзтæ æххуыс сты ахуыргæнджытæн дæр. Сæ гæнæнты руаджы урок рауайы алывæрсыг æмæ цымыдисаг. Сывæллæтты æргом раздахын сæ къухы бафты.
117азы размæ 11-æм скъола уыд иууæладзыгон чысыл бæстыхай. Ахуыр дзы кодтой райдиан кълæстæ. Фæстæдæр æй бахъуыд фæуæрæхдæр кæнын. Бафтыдтой ма йæм иу бæстыхай. Бындурон цалцæггонд рагæй нæ уыд. Рацарæзт дзы æрмæст 2020-æм азы райдыдта. Райдиан кълæсты бæстыхай ногæй самадтой, ныр у æртæуæладзыгон. Сæйраг корпус дæр бындуронæй сног кодтой. Хæрæндоны баивтой æппæт техникæ, цы сын нæ фаг кодта, уымæй дæр сæ сифтонг кодтой.
Ныртæккæ ахуырты рӕстӕг нæ авналæнтæ æндæртæ сты. Ивддзинæдтæ фенæн ис алы кабинеты, алы агъуысты дæр. Фыццаджыдæр нæм ис тынг хорз кусæнгæрзтæ. Ис нæм спортивон зал. Аразæм дзы ерыстæ. Нæ скъоладзаутæн фадат ис иннæ скъолаты ахуырдзауты фæхонын спортивон мадзалтæм.
Ныртæккæ ам ахуыр кæны 1 мин 200 сывæллонмæ ввахс. Адих сæ кодтой корпустæм гæсгæ. Ноджы – райдиан кълæстæ. Иннæ бæстыхайы та хистæркъласонтæ. Арæзт сын ис æмбæлгæ уавæвртæ, цæмæй ног зонындзинæдтæм æхсызгондæрæй тырной.
















