16 адæймаджы систы «Земский учитель» программæйы уæлахиздзаутæ. Рамбылдтой паддзахадон программæмæ гæсгæ 1 милуан сомы фиддон кæмæн æмбæлы, уыцы ахуыргæнджыты æркасты. Уый райдыдта 10 январы.
Æдæппæтæй дзы архайдтой 48 адæймаджы. Уæлахиздзауты `хсæн канд Цæгат Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ ма Кæсæг-Балхъар æмæ Новосибирскы облæсты цæрджытæ дæр. Фæллоййадон бадзырдтæ семæ бафысдзысты ацы мæйы кæронмæ. Сæхи иттæг хорз чи равдыста, уыдон сентябры кусын райдайдзысты республикæйы хъæуты.
Куысты бынæттæ сын уыдзæн Хъæдгæроны, Бæрæгъуыны, Кæрдзыны, Хъызлары, Заманхъулы, Бруты æмæ æндæр хъæуты. Дæсныйадмæ гæсгæ сты 16 куысты бынаты: 7 англисаг æвзаджы ахуыргæнæджы, 4 математикæйы, 2 – физкультурæ æмæ уырыссыг æвзаджы, стæй ма иу ахуыргæнæг та райдиан кълæсты. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй дæрддзæф хъæуты ахуыргæнджытæ нæ фаг кæнынц. Ныр «Земский учитель», программæмæ гæсгæ, ацы фарста лыггонд æрцæудзæн.
Ацы конкурсы нæ республикæйы минæвæрттæ ма архайдзысты ноджы 2 азы. Домæнтæм гæсгæ, программæйы архайæг хъуамæ æнæмæнг скъолайы фæкуса 5 азы дæргъы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Земский Учитель» конкурс расидт Уæрæсейы президент Владимир Путин.
Программæйы сæйраг хæс у – ахуырады къабазы дæсныты нымæц дæрддзæф районты фæфылдæр кæнын.
















