16-æм январæй Маркусы уынгы Куйбышевы номæй Кировы уынджы онг хæдтулгæтæн снысан кодтой дыууæ ‘рдæм змæлд. Раздæр ацы уадздзагыл цыдысты æрмæст маршутон такситæ. Кæронбæттæн уынаффæ рахæсдзысты дыууæ къуырийы фæстæ, фæндаггон фыдбылызты æмæ хæдтулгæты змæлды фæдыл информаци куы раиртасой, уæд.
Ноябры астæуæй Æрхонкæйы фæзилæны айстой светофортæ. Снысан дзы кодтой ног фæтк. Уый руаджы фæндаггон змæлд фæцырддæр дыууæ хаттæй фылдæр. Къостайы проспект æмæ Леваневскийы уынджы тигъыл айсдзысты газон æмæ фæндаг фæуæрæхдæр кæндзысты. Сæвæрдзысты дзы уæлæмхасæн нысæнттæ, куы бахъæуа уæд та ацæуæнтæ фæуæрхдæр кæндзысты.
















