Скъоладзауты менюйы цавæр хæринæгтæ ис? Уый сбæрæг кæнынмæ Адæмон фронты уæнгтæ ацы аз рацыдысты фыццаг хатт. Уыдысты Заводы посёлок æмæ Ногиры скъолаты. Лæмбынæг æркастысты æппæт лыстæгдзинæдтæм дæр. Хæринæгты хæрзхъæддзинадæй разыйæ баззадысты, фæлæ сæм фиппаинæгтæ дæр разынд. Цавæртæ, уый зоны нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ.
Сабиты аходæны æнæмæнг хъуамæ уа пайдайаг хойрæгтæ. Дзидза, халсартæ æмæ дыргътæй æххæст. 34-æм скъолайы хъарм хæринаг æмбæлы райдиан кълæсты 358 ахуыргæнинагмæ, уыдонæй 38 æххуысцух бинонтæй. Иумæйаг номхыгъд арæзт æрцыд сывæллæтты æмæ ныййарджыты фæндон хынцгæйæ.
Адæмон Фронты уæнгтæ цы уавæртæ федтой, уыдонæй разыйæ баззадысты. Сæ ныхæстæм гæсгæ, скъоладзаутæ хæрынц хæрзхъæд æмæ пайдайаг хойрæгтæ. Нырыккон мигæнæнтæ æмæ фæлтæрдджын хæринаггæнджытæ. Хæрæндон у сыгъдæг, гæххæттыты аиппытæ нæй.
Адæмон Фронт сбæрæг кодта Ногиры скъолайы хъарм хæринаг дæттыны уавæр куыд у, уый дæр. Лæвар аходæн дзы хæрынц 275 ахуыргæнинаджы. Хæринæгты номхыгъд ам дæр арæзт у, сывæллæттæ фылдæр цы уарзынц, уымæ гæсгæ. Зæгъæм дзы айстой кæсагæй котлеттæ. Сабитæ-иу сæм æвналгæ дæр нæ бакодтой. Ныр æндæр хæринагæй ивд æрцыдысты.
Скъолаты хæрæндæттæ баххæст кодтой æппæт хъæугæ ифтонггæрзтæй. Кæд раздæр ныййарджытæ, хæринæгтæ хъарм кæй нæ уыдысты, уымæй арæх хъаст кодтой, уæд ныр фарста иуварсгонд æрцыд. Фæлæ Адæмон Фронты уæнгтæм фиппаинæгтæ дæр разынд. Мигæнæнтæй иутæ къуылымпытимæ кусынц. Æмæ кæд кусджытæ сæхи тыхтæй сарæхсынц, уæддæр фарста хъæуы аиварс кæнын.
Эксперттæ скъолаты хæрды уавæрмæ бæстонæй кæсынц. Сæвзæргæ уавæрты та кæддæриддæр æххуысмæ сты цæттæ. Ацы аз уал ахуырадон уагдæттыл фыццаг хатт æрзылдысты. Басгæрстытæ, раздæрау, уыдзысты мæй цалдæр хатты.
















