Коронавирусæй чи фæрынчын, уыдоны нымæц Цæгат Ирыстоны у 2 702. Ивгъуыд суткæмæ сыл бафтыд 57 адæймаджы. 1 499 коронавирусæй сдзæбæх сты. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени.
Рынчынтæн медицинон æгъдауæй æххуыс кæнынц дохтыртæ. Лæмбынæг цæстдард цæуы, рынчынтæ хæстæг кæимæ æмбæлыдысты æмæ ныхас кæимæ кодтой, уыдонмæ дæр.
Æдæппæтæй COVID-ы аххосæй республикæйы фæмард 35 адæймаджы. Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ дохтыртæ кæмæ кæсынц, уыдоны нымæц у 1 264 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та – 6 066 адæймаджы.
















