2024 азы кæронмæ Дзæуджыхъæумæ бацæуæны фæндаг суыдзæн цыппартæлмон.
Трассæйы бындурон рацарæзтмæ бæстонæй бавналдзысты апрелы. Цыппар тæлмы фæрогдæг кæндзысты фæндаггон змæлд. Уый сахаддзæн æдасдзинадыл дæр. Æрвылбон дзы фæцæуынц 15 мин хæдтулгæйы. Ног фæндаг дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн. Фæзындзæн дзы ног рухсытæ, сæвæрдзысты фæндаггон нысантæ. Фистæгцæуджытæн дзы снысан кæндзысты æхсæз æрлæууæн бынаты æхсæнадон транспортæн.
















