preloader
сейчас в эфире
06:16
МУЗЫКА 12+
Смотрите Далее
06:40
УЫЙ ÆЗ ДÆН, ХУЫЦАУ! 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКА 12+
close

Нывгæнджыты цæдисы залы арæзт цæуы хиконд гыкъынаты равдыст

24.03.2023 13:41

æ куыстытæ дзы равæрдтой куыд æрыгон, афтæ фæлтæрдджын æрмдæснытæ æгас Цæгат Кавказæй. Фенæн дзы ис 300 экспонатæй фылдæр.

Нывгæнджыты цæдисы цæуы хиконд куклаты равдыст. Сæ куыстытæ дзы равæрдтой куыд æрыгон, афтæ фæлтæрдджын æрмдæснытæ æгас Цæгат Кавказæй. Фенæн дзы ис 300 экспонатæй фылдæр. Алы кукла дæр арæзт у сæрмагонд техникæмæ гæсгæ. Сæ фенынмæ цæуынц æмбырд бинонтæй.


Æцæг бæрæгбон рауад хиконд куклаты æрвылазон равдыстæй. Фыццаг бакастӕй дӕр бӕрӕг у, гыкъынатыл сæ аразæг бирæ æмæ зæрдæргъæвдæй кӕй фæкуыста. Раст цыма удæгас сты, ахæм уарзондзинад сæм æнкъардта. Алы лыстæг хайыл дæр лæмбынæг бацархайдта дæсны. Цымыдисаг ма уый у, æмæ гыкъынатæ алыхуызон техникæты конд кæй сты. Куклатыл фенæн ис разгæмттæ ирон орнаменттимæ, кинонывтæй ист хъайтарты, зæгъæм – Малефисентайы, уæдæ Нарты кадджыты хъæдæй конд хъайтарты дæр дзы базонæн ис.

Куклаты сфæлдыстадон равдыст хуыйны «На высоте». Арæзт цæуы 5-æм хатт. фенæн дзы ис 35 дæсныйы куыстытæ куыд нæ республикæ, афтæ æгас Цæгат Кавказæй дæр. Марина Едигарова æрбацыд Стъараполы крайæ. Аразы бæмбæгджын хъазæнтæ зæронд технологитæм гæсгæ. Раздæр иу уыдон аразгæйæ йæхи ирхæфста, ныр та уый у йæ царды ахсджиагдæр куыст.

Равдыст байгом кæныны кадджын мадзалы бацархайдтой республикæйы культурæйы министрады минæвæрттæ дæр. Арфæ ракодтой йæ архайджытæн.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæртæй уæлдай куклатæ фенынмæ æрбацæуынц сывæллæттæ дæр. Равдыст сабитæн уæлдай цымыдисаг у.

Æмткæй райсгæйæ равдысты фенæн ис 300 куыстæй фылдæр. Ахæсдзæн 25-æм мартьимæ. Мадзал сарæзтой æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы æххуысæй. Йæ сæйраг нысан у – националон æрмдæсныйады райрæзт.

Фидæн ис æрвылазон равдыстæн дæр æнæмæнг. Азæй азмæ куклатæ аразæг дæсныты нымæц дæр рæзы. Уымæй та зæрдæ куыд нæ райа?!

Биджелты Бертæ

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
Все рекомендуемое