3-æм февралы 83 азы сæххæст уыдаид Ирыстоны хореографион аивады ирддæр минæвар Уарзиаты Хадзысмелыл. Абон ын йæ ном мысынц, йæ курдиатæн ын стыр аргъ чи кодта, уыцы адæм. Хадзысмел нымад у адæмон кафт рацаразæгыл. Уыимæ у Цæгат Ирыстоны фыццаг профессионалон балетмейстер.
Йæ фæрцы «кафты æмæ зард»-ы ансамбль сси «адæмон кафт»-ы ансамбль. Зарæггæнджыты къорд фæкъаддæр кæнгæйæ йын бантыст кафджыты къордтæ æмæ музыкантты нымæц фæфылдæр кæнын. Театралон Аивады Паддзахадон Институты дыккаг курсы ахуыргæнгæйæ, цæттæ кодта ансамбль «Алан»-ы репертуар. Уæдæ æнæзонгæ нæу, «Алан» дæр æй уый хъæппæрисæй кæй схуыдтой.
Уарзиаты Хадзысмелы разамындæй 1988-æм азы «Алан» хорзæхджынгонд æрцыд Адæмыхæттыты хæлардзинады Орденæй. Уæвгæ, Хадзысмел ГИТИС-ы ахуыргæнгæйæ бирæ ивддзинæдтæ бахаста кафты аивадмæ. Сарæзта ног, оригиналон композицитæ, фæстæдæр Ирыстоны кафджыты æндæр къордты репертуарты чи фæзынд, ахæмтæ. Уыцы æмæ æндæр ахæм хæрзтæ хынцгæйæ, специалисттæ Хадзысмелы банымадтой ирон адæмон кафты, хореографийы, стæй балеты аивады бындурæвæрæгыл.
















