Цæгат Ирыстонæй Кæсæг-Балхъармæ Озрекы скъоламæ фæхæццæ кодтой 300 ахуыргæнæн чиныгæй фылдæр. Республикæйы Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 1-æй 5-æм къласы онг скъоладзаутæн самал кодтой 170 чиныджы æмæ 148 ахуыргæнæн тетрады.
Дзуапдæттæг ведомствæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм æххуыс бакæныны тыххæй сæм фæсидтысты Озрекы цæрджытæ. Æрмæг бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны педагогон институты ЮНЕСКО-йы кафедрæйы.
















