420 тоннæйы цæххимæ хæццæ змис ныппырх кодтой Дзæуджыхъæуы фæндæгтыл ивгъуыд суткæйы дæргъы.
Сæрмагонд техникæ митæфснайæн куыстытæм бавнæлдта æхсæвы. «Спецэкосервис»-ы пресс-службæйы хъуысынгæнинагмæ гæсгæ, куыстытæ цыдысты горæты æппæт районты техникæйы иуæгты къордты 5 хæдтулгæйы, афтæмæй.
Райсомы 7 сахатыл та райдыдта бырыцъаджы ныхмæ архайд. Техникæйы 24 иуæджы горæты уынгты пырх кодтой цæххимæ хæццæ змис. Сцепиалисттæ ма архайынц тротуартæ ссыгъдæг кæныныл дæр.
















