Æрхонкæйы ацыдысты ерыстæ мотокроссæй. Цæгат Кавказы Федералон зылды кубок æмæ республикæйы турнир рамбулынмæ сæмбырд сты дæсгай спортсментæ. Мотоциклистты адих кодтой цалдæр къордыл. 15 минутмæ сæ хъуыд алыхуызон цæлхдурты сӕрты ахизын.
Æфсæн бæхы рохтыл Парсиаты Алыксандр хæцы йæ сабибонтæй фæстæмæ. Уарзы мотоцикл æмæ йыл зæрдиагæй дугъ кæны. Йæ бинонты ‘хсæн та мотокроссæй алы рæстæджыты архайдтой фондзæй. Се ‘хсæн – ацы спорты хуызы Ирыстоны хуыздæр минæвæрттæй иу – Парсиаты Руслан. Æнæниз цардыуагыл хæст куы уай, æмæ ма дæ архайд зæрдæйæн æхцондзинад куы хæсса, уæд амондджын адæймаг дæ – зæгъы Алыксандр. Абон ерысты архайы дæсныты æмрæнхъ.
Уæвгæ, ерыс кæнын чи уарзы, ахæм спортсментæ Æрхонкæйы мотодроммæ чысыл не ‘рбамбырд. Се ‘хсæн куыд сабитæ, афтæ мотокроссы ветерантæ дæр. Сæ тыхтæ бавзæрстой 10 къæпхæнмæ гæсгæ. Мотоциклтæ хуымæтæг не ‘сты, хицæн кæнынц егъау тыхæй.
Ам уыцы иу рæстæг ацыдысты республикæйы зымæгон чемпионат æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды кубок. Спортсментæн мотокросс æрмæст дæсныйад нæу. Дугъгæнгæйæ равдисынц се ‘нкъарæнтæ. Кæм – маст, кæм – циндзинад. Иу та сæ кæны тагъд цæуынмæ уарзондзинад. Мотоциклты хъæлæбамæ хъусгæйæ, ацы спорт уарзджытæ цымыдисагдæрæй кæсынц дугъмæ.
Мотокросс парахат у республикæйы. Афæдзæй-афæдзмæ йæ архайджытæ фылдæр кæнынц. Цæгат Ирыстоны командæ нымад у хуыздæртæй иуыл. Архайджытæ — Цæгат Кавказы федералон зылды минæвæрттæ. Се ‘хсæн спорты дæснытæ æмæ Уæрæсейы уæлахиздзаутæ дæр.
Мадзаларазджытæ – физкультурæ æмæ спорты министрад, уыимæ республикæйы автомотоспорты федераци. Ерыстæ бабастой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонимæ. Автомотоспорты федераци дæсгай азтæ дугъгæнджыты фæлтæртæ иу æмæ дыууæ не схъомыл кодта. Сæйраг тæрхонгæнæг Вячеслав Фисенко куыд зæгъы, афтæмæй молоцикл дугъы уайынмæ æппынæдзух хъуамæ цæттæ уа.
Цæгат Кавказы Федералон зылды ерыстæ цæуынц æрвылаз. Ацы спорты хуызæн нæ республикæйы хъæугæ уавæртæ ис. Къуылымпыдзинæдтимæ фæндæгтæ, алыхуызон цæлхдуртæ æмæ цæхгæрмæ ссæуæнтимæ. Дарддæр ма афæдзы дæргъы, æппынкъаддæр, ацæудзæн 5 турниры.
















