700 сиддоны Цæгат Ирыстонæй баххæст кодтой бæстæйы æфсæддон тыхты рæнхъытæ.
Республикæйы сиддон къамисы æмбырды архайдта хицауады вице-премьер Томайты Ирбег. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй сиддонты 15%-мæ ис уæлдæр ахуырад, фæсивæды 65%-мæ та астæуыккаг профессионалон ахуырады дипломтæ. Уый та лæппутæн у пайда, контракт бафысгæйæ. Хуссар æфсæддон зылды службæ кæнынмæ баззадысты æрмæст ДОСААФЫ автомобилон скъолайы рауагъдонтæ. Уыдон райстой æфсæддон шофырты дæсныйад «С» категоримæ гæсгæ. Авиацион клубы 40 рауагъдоны та райстой парашютимæ гæппкæныны зонындзинæдтæ. Уымæ гæсгæ сæ арвыстой Уæлдæфон-десантон æфсæдтæм.
Цæгат Ирыстоны фæсивæд ма службæ кæндзысты æндæр æфсæдты хуызты, космосон æфсæдты, Национ гвардийы æмæ Æнæхъæлæджы уавæрты министрады дæлхайæдты.
















