Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бæрæг кодта йæ гуырæнбон. Уый фæдыл ын йæ арфæтæ арвыста Битарты Вячеслав дæр. Арфæйы фыстæджы куыд загъд ис, афтæмæй дыууæ разамонæджы дæр иу кæны тæккæ ахсджиагдæр хæс – ирон адæмæн æнæзæрдæхудт лæггад кæнын.
«Уырны мæ, ахæм тыхджын, аккаг офицер, фыдыбæстæйыл иузæрдион адæймаджы къухы Хуссар Ирыстон дарддæр дæр рæзты фæндагыл кæй уыдзæн æмæ тæмæнтæ кæй калдзæн», – загъд ис Битарты Вячеславы арфæйы ныхæсты.
Нæ республикæйы сæргълæууæджы зæрдæ ма Бибылты Анатолийæн загъта «фидар æнæниздзинад æмæ йæ фæндты æххæстдзинад».
















