Дохтырты ахуырад æмæ хъомылады зондамонæг цы бынат ахсы, ууыл дзырдтой фæлтæрдджын специалисттæ медицинон колледжы студенттимæ.
Конференцийы сæйраг хæс уыд наукæ æмæ практикæйы зондамонджыты институты рæзтыл æрныхас кæнын. Ацы куыст аразгæйæ хъæуы, æнæмæнг, нырыккон домæнтæм æргом здахын. Сæ фæлтæрддзинады кой кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагдæтты разамонджытæ, сæйраг æмæ хистæр медицинон хотæ, стæй ахуыргæнджытæ. Мадзаларазджыты ныхæстæм гæсгæ, конференцийы ӕрмӕджытӕй пайда кæндзысты практикæйы. Архайджытæ ма бацæттæ кодтой литературон равдыст дæр.