Æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» æмæ «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй арæзт æрцыд поэт, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæджиты Хабæты Риммæйы сфæлдыстадон изæр.
Стыр Ныхасы поэзийы хайад «Малусæг» арæзт æрцыд, цæмæй æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ чи фыссы, уыдонæн æхсæнадон змæлды руаджы фадат уа, се сфæлдыстадимæ адæмы зонгæ кæнын. Изæрмæ хуынд æрцыдысты зарæггæнджытæ, хæлæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, Риммæйы хъомылгæнинæгтæ.
Гæджиты Хабæты Риммæйæн йæ курдиат бирæвæрсыг у, йе ’мдзæвгæтæй банкъарæн ис уарзондзинад йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ ныййарджытæм, йæ сабитæм. Йæ хъомылгæнинæгты дæр æрвылбон ахуыр кæны уыцы уарзондзинадыл, семæ кæны зæрдиаг куыст, уарзын сын кæны мадæлон æвзаг, хоны сæ поэзийы рухскалгæ бæрзæндтæм. Бирæ хæттыты йæ хъомылгæнинæгтæ уæлахиздзаутæ свæййынц Республикон æмæ æппæтуæрæсеон ерысты.
















