Гуырдзыстоны `рдыгæй боныхъæды уавæртæ кæй февзæрдæр сты, уымæ гæсгæ Арвыкомы фæндаг 7 февралæй нырмæ у æхгæд. Ныртæккæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» рады лæууынц 950 уæзласæн æмæ 148 рог хæдтулгæйы. Æдæппæтæй 1322 адæймаджы.
Уый тыххæй хъусын кæнынц æнæнхъæлæджы цауты министрадæй. Ирвæзынгæнджытæ цæттæ сты бахъуыджы рæстæг адæмæн хъæугæ æххуыс бакæнынмæ. Редантмæ `ввахс ма рад хæссынц дохтыртæ дæр. Специалисттæ æвæстиатæй фæтагъд кæндзысты исты æнæнхъæлæджы уавæр куы сæвзæра, уæд. Профилон министрадæй сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной ирвæзынгæнджытæм «101» сæрмагонд номырмæ.
















