Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры адæмæн равдыстой «Водопады Северной Осетии»-, зæгъгæ атлæс. Уырдæм бахастой нæ республикæйы æхсæрдзæнты тыххæй радзырдтæ. Атлæс сымбырд кæнынмæ радих кодтой президенты грантæй – 2 милуан сомы. Проектыл бакуыстой ахуыргæндты къорд. Йæ разамонæг у æхсæнадон организаци «Молодежный бизнес-клуб»-ы разамонæг Дзодзыккаты Олег. Наукон къорд бабæрæг кодта 50 æхсæрдзæны. Уыдонæй 34 бахастой атласмæ. Цæгат Ирыстоны сгуыхт эколог Константин Попов куыд зæгъы, афтæмæй ахæм ног атлæс Советон Цæлдисæй нырмæ нæма рауагътой. Чиныг бакæсын алкæй бон дæр у. Пайда уыдзæн куыд ахуыргæнджытæн, æфтæ студенттæн дæр. Уымæй уæлдай ма туристтæн дæр уыдзæн æххуыс.
Константин Попов – заслуженный эколог РСО – Алания, краевед: «Атлæсмæ бахастой 34 æхсæрдзæны. Фæнысан дзы кодтой сæ равзæрд, сæ рæсугъддзинад, кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц уый дæр. Æхсæрдзæнты бирæ адæм бабæрæг кæны. Туристтæ сæ уарзынц. Уыдон сты æрдзы рæсугъддзинæдтæй сæ ахсджиагдæртæ. Сæ фенгæйæ адæммæ фæзыны хъæлдзæг æнкъарæнтæ. Уымæй уæлдай ма æнæниздзинад дæр хъæддых кæнынц».
















