«Нартоведение в 21 веке». Ахæм сæргондимæ Æвдæм æппæтадæмон наукон конференци райдыдта Дзæуджыхъæуы. Мадзал арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты. Ахæсдзæн дыууæ боны. Архайынц дзы фольклористтæ, лингвисттæ, литературоведтæ, историктæ, этнографтæ, археологтæ, аивадиртасджытæ æмæ æндæр ахуыргæндтæ куыд Уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг наукон центртæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæй Нарты кадджытыл чи кусы, ахæмтæ.
Æрныхас кодтой эпосы историографийы вазыгджын фарстатæ, йæ равзæрд, Кавказы адæмы хæттыты этногенез, Нарты кадджыты сурæттæ, мотивтæ, символтæ æмæ æндæр темæтыл. Форум арæзт цæуы 2011-æм азæй. Йæ сæйраг нысан у Нарты кадджыты иртасынад куыд дунеон наукон здæхты рæзтыл бакусын, стæй Нарты кадджытыл кусæг Уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндты æмгуыстад саразын.