Цалдæр боны размæ нæ республикæйы цы тыхджын дымгæ æрцыд, ууыл адæм, уæлдайдæр шофыртæ, куы ахъуыды кæнынц, уæд сæ зæрдæтæ бариссынц. Фыдбылызтæ дæр дзы куыд нæ `рцыдаид – иу сылгоймаг фæмард, бæлас ыл кæй рафæлдæхт, уый тыххæй. Ацы цау ма иу хатт равдыста, адæймаг æрдзы раз æдых кæй у.
Тыхджын дымгæ æмæ тæрккъæвдатæ чысыл зиан не `рхастой Дзæуджыхъæуæн. Горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй кæцыдæр уынгты дымгæ афæлдæхта 60 бæласæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма, тыхджын дымгæйы аххосæй, электрон тыхы телтæ дæр аскъуыдысты. Иуæй-иу районты цæрджытæ æнæ рухсæй баззадысты. Дæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты разамынд æмæ коммуналон службæтæ дымгæйы фæстиуджыты фылдæр хай ныридæгæн аиуварс кодтой.
















