Доййаты Хъазыбеджы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министры хæдивæгæй. Республикæйы культурæйы министры фыццаг хæдивæг та ссис Мамсыраты Сослан.
Ахæм ивддзинæдты тыххæй фехъусын кодтой абон Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырды. Ныхас ма дзы цыд, йæ цæрæнбынатæй æнæбары чи сыстад, уыцы бинонтæн хæдзæрттæ радих кæныны хъуыддагыл. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры фыццаг хæдивæг Бититы Ромеойы ныхæстæм гæсгæ, 2019-æм азы хæдзар балхæнынæн сертификаттæ ратдзысты 120 ахæм бинонтæн. Уыцы нысæнттæн радих кæндзысты 384 милуан сомы. Хæдзæрттæ балхæнынæн сертификаттæ чи райсдзæн, уыдоны номхыгъды ис Чернобылы атомон станцæйы радиацийæ хъыгдард баййафæг адæймаг дæр. Хицауады æмбырды ма дзырдтой цæрынæн хъæугæ æппынкъаддæр æхцайы бæрцы тыххæй дæр. Республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барис куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2019-æм азы фыццаг кварталы хойраг фæзынаргъдæр ис. 2018-æм азы 4-æм кварталимæ абаргæйæ, фæлхасадон чыргъæды аргъ сырæзт 4 æнæхъæны æмæ 7 дæсæм хай проценты. Уымæ гæсгæ, цæрынæн хъæугæ æппынкъаддæр æхцайы бæрц дæр хицауад фæфылдæр кодта. Бафтыд ыл 421 сомы. Афтæмæй ныртæккæ иу адæймагæн йæ бæрц схызт 9 435 соммæ.
Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министр та фехъусын кодта нæ республикæйы инвестицион хъалонты æппæрст хай сфидар кæныны закъоны проекты тыххæй.
















