Фæйнæджы раз æрлæууыны размæ æрыгон педагогтæ хъуамæ бирæ рæстæг арвитой партæйы уæлхъус. Æрыдоны фыццæгæм скъолайы цæттæ сты фæлтæрддзинадæй фæхай кæнынмæ. Фыццаг урок уыд нывкæнынад.
Студенттæ арæхстгай скæнынц алы хахх дæр. Цыбыр рæстæджы фæстæ бæстон куысты хатдзæг – бæласы дидинæг калгæ къалиу. Ныв æппæт архайджытæн дæр иумæйаг у, фæлæ йæ цы хуызы равдисдзысты, уый алчидæр йæхæдæг æвзары.
Тыджыты Миланæ нывгæнæджы бынаты фыццаг хатт ис. Уæдæ йæ раздæр ахорæнтæй спайда кæнын дæр никуы бахъуыд, йæ ныхасмæ гæгæ, йæ конд нывтæ аив никуы рауадысты, фæлæ абон хъуыддаг фæивта.
Дарддæр ахорæнты алæмæты дунейæ абалц кæнæн ис психологи иртасынмæ. Сусæггаг бæласы æххуысæй студенттæн сæ бон базонын у фидæны сæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый. Алцыдæр райдайы зайæгойы зæнгæй – студенттæ сыфтыл фыссынц хи миниуджытæ æмæ сæ фидар кæнынц бæласы уæлхайыл. Уый фæстæ – уидæгтæ, уыдоныл педагогтæ нысан кæнынц тыхтæ цы бынæттæй исынц, уый. Æппынфæстаг райдайы æппæты цымыдисагдæр архайд.
Æмæ афтæ цæстыты раз сырæзт æнæхъæн бæлас. Фæсивдæн æххуыс ухи хуыздæр базонынæн, бæллицтæ банкъарынæн. Бæласæй уæлдай ма æрыгон адæмы гæххæттыл скæнын хъуыд æгас дуне.
“Хуры тынтæ рæвдауынц”, “хæххон цæугæдон абухы” – æмæ нывæцæн кæронмæ фæцæттæ кæны. Ахæм хуымæтæг дæнцæгыл фæсивæдæн æмбарын кæнынц текст рацаразыны бындуртæ æмæ йæ сывæллæтты размæ раххæсыны сусæгдзинæдтæ. Дзырдтимæ сыфты фæрцы скъоладзау æнцонæй ныффысдзæн æххæст эссе, ахæм фæрæз райдиан кълæсты ахуырдзаутæ æмæ педагогтæн хорз æххуыс у – æххæст сфæлдыстадон дунетæ гæххæттыл фæзынынц иу бавнæлдæй. Зæгъæм, ахæм тагъдадæй ма раппæлинаг у 3-д моделировани дæр.
Уæлдæфы æртæхтæй рауайы æнахуыр фигурæтæ æмæ формæтæ. Минутæй къаддæры æмгъуыдмæ 3-д принтер скодта 9 брелокы. Ныртæккæ ахæм аппараттæ алы скъолайы дæр сты, сахуыр уæвын ыл æнцон у. Фæсивæдæй сыл бирæтæ сæхи афæлвæрдтой.
Нывкæнынад, æнæпилотон тæхæг аппараттæн разамынд дæттын, лекцитæ психологийæ æмæ ахуырдзаутимæ ныхас кæнынæй – Æрыдоны скъолайы æвзонг ахуыргæнджыты æрбацыдмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Алчидæр дзы йæхицæн ссардзæн зæрдæмæдзæугæ архайд. Зæгъæм, Анна Кестановайæн йæ зæрдæмæ фылдæр фæцыд нывæцæн фыссын.
Æвзонг педагогы ныхæстæм гæсгæ, абоны бон йæ зæрдыл бирæ рæстæг дардзæн. Цы фæлтæрддзинад райста, уымæй та æнæмæнг пайда кæндзæн кусты. Зæгъæм, сабитимæ ныхас кæнгæйæ. Фыццæгты йын семæ иу æвзаг ссарын зын уыд, фæлæ сæйрагдæр у ахуырдзауты уарзын æмæ æмбарын, зæгъы чызг. Уыимæ ма ноджы иу хатт хи ахуыргæнæгæй афæлварыны фадат нæ уыдзæн. Æрыдоны скъола – хыгъды фæстаг нæу.
Ахæм программæ фæивта традицион ваканситы армукъатæ. Афтæмæй, педагогон здæхтыты студенттæн сæ бон у куыстимæ хæстæгдæр базонгæ уæвын æмæ, гæнæн хи республикæйы хуыздæр скъолаты бафæлварынæн.
















