preloader
сейчас в эфире
12:05
КУЫД ЗÆГЪАЙ,АФТÆ! 12+
Смотрите Далее
12:20
ПО ФАКТУ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
ПУШКИНА ПОСЛЕ ПУШКИНА 16+
14:10
АМИГДАЛÆ 12+
15:05
БИНОНТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КУЫД ЗÆГЪАЙ,АФТÆ! 12+
close

Æрыдоны Культурæйы галуан хъæуы цалцæг кæнын

9.11.2023 14:30

Ацы аз бæрæг кæны йæ 35 азы юбилей. Бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Коммуникацитæ иууылдæр – зæронд. Бæстыхайы сæр ивд уыд, фæлæ бынтон хорз нæ рауад. Агъуыстыты хъарм нæ лæууы. Абон уа, райсом хъарын райдайдзæн.

Гыццыл залы аивадуарзджытæн 150 бынаты бæргæ ис, фæлæ дзы, хъыгагæн, равдыстытæ нæ вæййы. Культурæйы галуаны кафджыты къордæн архайынæн сæрмагонд бынат нæй. Уый тыххæй ансамблы репетицитæ цæуынц ам. Раст зæгъгæйæ та, уавæртæ аккаг не сты.

Стыр зал та æрбамбырд кæны 500-йы онг адæймаджы. Фæлæ ам дæр бирæ фарстатæ ис. Бандæттæ базæронд сты. Бæргæ ма сæ ‘мпъузынц, фæлæ уæддæр сæ уавæр зæрдæмæдзæугæ нал у. Уæдæ сценæмæ рахизын дæр, артисты ныхæстæм гæсгæ, æдас хъуыддаг нæу. Пъол къæхты бын змæлы æмæ дзы хи ниццæвæн æнцонæй ис. Æмæ та концертты размæ зыхъхъыртæ æхгæнынмæ фæвæййынц.

Фæскулисты дæр зæрдæ ницæмæй барухс уыдзæн. Сценæйы механизм заууат уавæрмæ æрцыд. Ам дæр пъолыл кæддæр цы плиткæ уыд, уымæй ма æрмæст къæрттытæ баззад. Къултæ – хъулон, æнцойгæрæнтæ – змæлынц. Культурæйы галуаны хъæдын рудзгуытæ ис æмæ уаргæ бон хъарынц. Цæмæй сæ зымæгон уазал мидæмæ ма цæуа, уый тыххæй сыл целлофан бакæнынц. 2017-æм азы рудзгуытæй 10 раивтой, 70 ма дзы баззад.

Æрыдоны районы Культурæйы галуан у 1988-æм азы арæзт. Ацы аз бæрæг кæны йæ 35 азы юбилей. Бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Коммуникацитæ иууылдæр – зæронд. Бæстыхайы сæр ивд уыд, фæлæ бынтон хорз нæ рауад. Агъуыстыты хъарм нæ лæууы. Абон уа, райсом хъарын райдайдзæн.

15 сфæлдыстадон здæхты æмæ 300 сывæллонæй фылдæр – архайынц вокал, музыкалон, театралон, хоры æмæ кафджыты къордты. Аивад кæй цымыдис кæны, уыцы фæсивæды нымæц азæй-азмæ фылдæр кæны, фæлæ ныртæккæ се ‘ппæтæн ам нæ бынат ис, нæ уавæртæ.

Директор Бязырты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, 2018-æм азы районы администраци фæсидт капиталон арæзтады управлени æмæ профилон министрадмæ. Специалисттæ æрзылдысты бæстыхайыл. Йæ фæзуат у 5 мин квадратон метры. Скодтой хатдзæг – хъæуы скæнын проектон-хыгъдон гæххæттытæ, фæлæ уымæн бюджеты æхца нæй. Ацы аз августы, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, специалисттæ ногæй галуан бабæрæг кодтой.

Æмæ кæд культурæйы галуаны уавæртæ сæ хуыздæртæй не сты, уæддæр йæ хъомылгæнинæгтæн бирæ æнтыстытæ ис. Свæййынц республикон æмæ æппæтуæрæсеон æркастыты уæлахиздзаутæ. Зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы райдзаст цалцæггонд бæстыхæйтты кæй архайдзысты.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Гвардия I 06.06.2026
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все рекомендуемое